Хуссар Иры ансамбльтӕ "Ирон" ӕмӕ "Кафт" хайад райсдзысты фестиваль "Мир танца"-йы

© Sputnik / Наталья АйриянИрон кафт
Ирон кафт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цӕгат Ирыстоны ног къуыри ацӕудзӕн кафты конкурс-фестиваль "Мир танца". Хореографийӕ ерысы бацӕудзысты 17 ӕрыгон коллективы, уыдонӕй дыууӕ сты Хуссар Ирыстонӕй.
Мадзалы организатор, Цӕгат Ирыстоны фӕсивӕдон галуаны методкабинеты хистӕр Худиты Альбина радзырдта Sputnik, фестиваль ныр кӕй цӕуы ӕхсӕзӕм хатт.
"Ӕввахс фӕсарӕнтӕй - Хуссар Ирыстон ӕмӕ Цӕгат Кавказы республикӕтӕй архайдзысты мадзалы. Цӕудзӕн дыууӕ кары категорийы. Ацы аз сӕ курдиаттӕ бавдыстой 17 коллективы", - бафтыдта уый.
Фестивалы сӕйраг нысӕнттыл Худиты Альбина нымайы фӕсивӕд зонгӕ кӕнын ӕндӕр адӕмты кӕфтытимӕ ӕмӕ курдиаттӕ рабӕрӕг кӕнын.
Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты дыууӕ ансамбль "Кафт" ӕмӕ "Ирон" сӕхи рӕвдз кӕнынц конкурсмӕ.
Натия Чохели: Цхинвалы гимнази Альбион райста хайад IV Ӕхсӕнадӕмон театралон фестивалы  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.05.2022
Натия Чохели: Цхинвалы гимнази "Альбион" хайад райста IV Ӕхсӕнадӕмон театралон фестивалы
"Кафт"-ы аивадон къухдариуӕггӕнӕг Майя Четионы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон сцӕттӕ кодтой цыппар кафты.
"Ӕнӕмӕнгӕй хъуамӕ рависӕм ирон кафт. Цыппар кафт нӕм ис цӕттӕ ӕмӕ уыдонӕй равзардзыстӕм. Транспортӕй нын ӕххуыс кӕны Ахуырады министрад, аннӕ хӕрдзтӕ сӕхимӕ райстой ныййарджытӕ", - загъта уый.
Ансамбль "Ирон" дӕр жюрийы зӕрдӕ ӕлхӕндзӕн ирон хореографийӕ.
"Кӕнӕм 30 кафӕджы, 13 чызджы ӕмӕ 17 лӕппуйы. Сӕххӕст кӕндзысты "симд" ӕмӕ "хӕххон" кӕфтытӕ. Гала-концерты та ралӕудзыстӕм испайнаг кафтимӕ", - загъта ансамблы аивадон къухдариуӕггӕнӕг Хуыгаты Диана.
Фестиваль цӕудзӕн 12-13 майы. Мадзалы фӕлгӕтты фӕсивӕды суазӕг кӕндзӕн бӕхджын театр, конкурсон нывӕзтӕй дарддӕр ма дзы уыдзӕн гала-концерт дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0