Хуссар Иры медцентр райста ног аппарат зӕрдӕйы низтӕ бӕрӕг кӕнынӕн

© Depositphotos.com / VitalikRadkoЗӕрдӕ
Зӕрдӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны бирӕпрофилон медицинон центр райста ног аппарат, кӕцыйы фӕрцы ис гӕнӕн саразын иртӕстытӕ зӕрдӕйы низтӕн, афтӕ ма хуылфы ӕмӕ гинекологийы фадгуыты, фехъусын кодта Sputnik рынчындоны сӕйраг дохтыр Быценты Индира.
Медицинон ифтонгад медцентрӕн балӕвар кодта президент Бибылты Анатолий. Уымӕй размӕ цы аппаратыл куыстой, уый фехӕлд ӕмӕ пациентты хъуыд цӕуын фӕсарӕнтӕм, цӕмӕй сарӕзтаиккой эхокардиография.
Ног ифтонгад кусы дыккаг къуыри, архайы йыл зӕрдӕйы дохтыр Ӕлборты Олеся.

"Ацы аппарат ӕвдисы ӕппӕт зӕрдӕйы низтӕ инфаркт миокардайӕ райдайгӕйӕ ӕмӕ зӕрдӕйы хъӕнтыл фӕугӕйӕ, кӕцытӕ клиникон амӕлттӕй нӕ бӕрӕг кӕнынц", - загъта дохтыр.

Уымӕй дарддӕр ма ацы аппараты фӕрцы ис гӕнӕн аразын гинекологон иртӕстытӕ ӕмӕ хуылф сахуыр кӕнын дӕр.
Медицинон уагдоны разамонӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, иу аппарат республикӕйӕн цъус у, хъӕуы дзы иууыл къаддӕрӕй дыууӕ.
Анестезиолог-реаниматологтӕ Алексей Пережогин ӕмӕ Ольга Пережогина - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.04.2022
Алексей Пережогин: кусдзыстӕм Хуссар Иры медицинон лӕггӕдтӕ ног ӕмвӕзадмӕ ракӕныныл
Ног хабӕртты лентӕ
0