"Уый дзурӕг у бӕстӕйы ӕмвӕзадыл". Депутат радзырдта, куыд хъахъхъӕнынц РХИ инвалидты бартӕ

© Flickr / Ze'ev BarkanИнвалидон коляскӕ
Инвалидон коляскӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 май – Sputnik, Козаты Диана. Сахъат адӕмы бартӕ хъахъхъӕнын хъуамӕ алкӕцы паддзахады дӕр уа приоритетон здӕхтытӕй иу, нымайы парламенты вице-спикер, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон политикӕйы фӕдыл парламентон комитеты сӕргълӕууӕг Плиты Александр.
Ӕппӕт дунейы цыппӕрӕмы, 5 майы, нысан цӕуы Инвалидры барты сӕрыл тохы ӕхсӕнадӕмон бон. Ацы датӕйы нысан у уӕрӕх ӕхсӕнады хъусдард аздахын арӕнӕвӕрд фадӕттимӕ адӕмы бартӕ хъахъхъӕныны фӕдыл проблемӕтӕм.
Реабилитация переболевших COVID-19 в Северной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.04.2022
Хуссар Иры цӕрджытӕн фадат уыдзӕн рацӕуын реабилитаци Абхазы
Хуссар Ирыстоны 2020 азы райстӕуыд закон инвалидты социалон хъахъхъӕнынады фӕдыл. Проектыл куыст иу ӕмӕ дыууӕ азы дӕргъы нӕ цыд. Кӕронбӕттӕны дзы рауад документ, цы ран нысан ӕрцыдысты бындурон бартӕ, кӕцытӕ ис ӕппӕт дунейы инвалидтӕн дӕр ӕмӕ кӕцытӕ фыст сты ӕхсӕнадӕмон документты дӕр.
"Ӕмӕ уыдон хъуамӕ ӕххӕст ӕрцӕуой. Сахъат адӕмы бартӕ хъахъхъӕды ӕмвӕзад дзурӕг у ӕмткӕй паддзахады ӕмвӕзадыл. Уый хъуамӕ уа алкӕцы паддзахады дӕр приоритетон здӕхтытӕй иу", - бахахх кодта депутат.
Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, парламент йӕ хъус дары, закон куыд ӕххӕст цӕуы, уымӕ, фӕлӕ нырма зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ йӕ алы пункт дӕр ӕххӕстбӕрцӕй реализаци кӕй цӕуы.
"Фӕлӕ цадӕггай цӕуӕм размӕ, ӕнгомӕй кусӕм ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадимӕ, ӕндӕр уагдӕттимӕ, кӕцытӕм хауы ацы законы ӕххӕсткӕнынад. Ныфс мӕ ис, ӕмӕ нын кӕй бантысдзӕн. Уымӕн ӕмӕ закон ма ӕххӕст кӕнын у уголовон бӕрндзинад", - загъта парламентарий.
Плиты Мӕдинӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.12.2021
Инвалидтӕ не сты, хъахъхъӕнджытӕ сты: Плиты Мӕдинӕ хӕстыты фӕцӕфуӕвджытӕн ӕххуысы тыххӕй
Плиты Александр ма уыимӕ иумӕ хъусдард аздӕхта инвалидты чысыл пенситӕ ӕмӕ фиддонтӕм, фӕлӕ закондӕттӕг ӕмӕ ӕххӕстгӕнӕг къабӕзтӕ дӕр кусынц, цӕмӕй уыцы фиддонтӕ ӕрвылаз дӕр фылдӕр кӕной.
"Махӕн нӕ сӕйраг хӕс у уыдон фӕцӕрыны минимумы онг бакӕнын. Уый дӕр у законы фыст ӕмӕ йӕм тырндзыстӕм", - бафиппайдта уый.
Парламентарий ма басаст, зӕгъгӕ, ацы къабазы уӕддӕр кӕй ис бирӕ минустӕ ӕмӕ къуыхцыдзинӕдтӕ.
"Фӕндит мӕ, цӕмӕй сахъат адӕммӕ фылдӕр хъусдард уа социалон службӕтӕ ӕмӕ ӕвджиддартӕй. Уыдон кусджытӕ хъуамӕ бӕрӕг кӕной инвалидты, махмӕ та уый нырма нӕй. Алкӕцы инвалидмӕ дӕр хъуамӕ фидаргонд уа соцслужӕты кусӕг, йӕ бон цы у, уый йын ӕххуыс кӕна. Иудзырдӕй, бирӕ нӕм ис нырма кусинаг", - бафтыдта Плиты Александр.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, абоны бон Хуссар Ирыстоны ис 2422 инвалиды, уыдонӕй 47 сты I группӕйы инвалидтӕ, 1805 – II группӕйы ӕмӕ 75 адӕймаджы та сты III группӕйы инвалидтӕ.
Уыдон нымӕцы ис ахӕм адӕм, кӕцытӕ хауынц сабибонтӕй фӕстӕмӕ сахъатты категоримӕ, уыдонӕй 18 азы онг кары ис 152 адӕймаджы, уымӕй хистӕр кары та 265.
Ног хабӕртты лентӕ
0