Донецкаг Адӕмон Республикӕйы тыхтӕ ссӕрибар кодтой 176 цӕрӕн пункты

© Sputnik / Илья ПиталевУӕрӕсейы ӕфсад Мариуполы
Уӕрӕсейы ӕфсад Мариуполы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 май — Sputnik. Донецкаг Адӕмон Республикӕйы дӕлхайӕдтӕ Уӕрӕсейы ӕфсады ӕххуысӕй райстой сӕ контролы бынмӕ 176 цӕрӕн пункты, хъусын кӕны майрӕмбоны райсомӕй ДАР территориалон хъахъхъӕнынады штаб Telegram-ы.
"2022 азы 6 майы онг уавӕрмӕ гӕсгӕ, Донецкаг Адӕмон Республикӕйы территорийыл ДАР ӕфсад Уӕрӕсейы Гарджын тыхты ӕххуысӕй ссӕрибар кодта ӕмӕ сӕ райста йӕ контролы бынмӕ 176 цӕрӕн пункты, се 'хсӕн Троицкое дӕр", - дзырдӕуы публикацийы.
Штабы ма бафтыдтой, зӕгъгӕ, Мариуполь дӕр ис ӕххӕст оперативон контролы бын.
Афтӕ ма нысан цӕуы, иу суткӕмӕ ДАР ссӕрибаргонд территоритыл медицинон ӕххуыс кӕй райстой дыууӕ сабыр цӕрӕджы, кӕцытӕ фӕцӕф сты Украинӕйаг Гарзджын тыхты ӕхсты фӕстиуӕгӕн.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
УФ ӕфсӕддон техникӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.05.2022
Уӕрӕсейы авиаци ӕхсӕвы дӕргъы скуынӕг кодта УГТ техникӕ ӕмӕ тыхты тыгуырты 93 районы
Ног хабӕртты лентӕ
0