Хуссарирыстойнаг теннисисттӕ стох кӕндзысты Стыр Уӕлахизы цытӕн турниры Дзӕуджыхъӕуы

© Sputnik / Natalia AiriyanУӕлыстол теннис
Уӕлыстол теннис - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны уӕлыстол теннисы секциты кӕстӕр фӕлтӕр стох кӕндзӕн Цӕгат Ирыстоны турниры.
Уӕлыстол теннисы Федерацийы разамонӕг Джиоты Мирианы ныхӕстӕм гӕсгӕ Дзӕуджыхъӕуы ӕвдӕм майы ацӕудзӕн Стыр Уӕлахизы цытӕн турнир программӕ "Будущее России"-мӕ гӕсгӕ.
"Ерыстӕм раразмӕ кодтам 13 азы кары онг спортсменты, сӕ нымӕцы чызджытӕ дӕр ӕмӕ лӕппутӕ дӕр, ӕдӕппӕтӕй уыдзысты 14. Турнир цӕудзӕн ӕрмӕст иу бон", - загъта Джиоты Мириан.
Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизы боны цытӕн турниры Хуссар Ирыстонӕй архайдзысты тренертӕ Остъаты Лидия, Уалыты Ирина, Тасойты Изетта, Джиоты Мириан ӕмӕ Кӕсойты Ларисайы хъомылгӕнджытӕ.

Спорты скъолайы фыццагагд шахмӕттӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.05.2022
Цхинвалы интернаты ахуырдзау рамбылдта Спорты скъолайы фыццагад шахмӕттӕй
Ног хабӕртты лентӕ
0