Дзудцаты Тамерлан: Хъӕцмӕзты Фатимæ йæ уд ныууагъта театры

Дзудцаты Тамерлан: Фатимæ йæ уд ныууагъта театры
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны йæ цардæй ахицæн адӕмон артисткӕ Хъæцмæзты Фатимæ. Йæ мысинæгтæ Фатимæйы тыххæй Sputnik радзырдта Хуссар Ирыстоны драмон театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзудцаты Тамерлан. Йæ ныхæстæм гæсгæ, артисткæ театры бирæ тыхтæ ныууагъта.
"Фатимæ йæ уд дæр театры ныууагъта, арæзта, йӕ бон цы уыд æмæ цы нæ уыд, уый дæр. Махæн нæ зæрдæты баззайдзæн, куыд ирд рæсугъд сылгоймаг", - бахахх кодта режиссер.
Иууыл ирддæр фæлгондзыл Дзуццаты Тамерлан нымайы Фатимæйы роль "Тугæйдзаг чындзæхсæв"-ы.
"Фатимæйы 60-æм азмæ хъуамæ сарæзтаиккам юбилейон изæр, фæлæ уый равзæрста ахъазын спектаклы. Равзæрстам Володины пьесæ "Фондз изæры", режиссерæй та - Чумаченко Михаилы", - загъта уый.
Режиссер куыд банысан кодта, афтæмæй, хъыгагæн, актрисæйæн йæ бон не 'ссис ахъазын, фæлæ театры коллективæн сæ зæрды ис ацы спектакль Фатимæйы номыл сæвæрын.
Дзудцаты Тамерлан куыд банысан кодта, афтæмæй Паддзахадон драмон театр хæрзбон зæгъдзæн артисткæйæн æмбæлон æгъдауæй. Бинонтимæ бадзурдзысты æмæ Хъæцмæзты Фатимæйы йе 'нусон бынатмæ афæндараст кæндзысты театрæй.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстон 106.3 fm.
Ног хабӕртты лентӕ
0