"Ӕппынӕдзух лӕггад кодта адӕмӕн ӕмӕ аивадӕн": поэт Хъодалаты Герсан йӕ коллегӕты мысинӕгты

© Sputnik / Natalia Airiyan Хъодалаты Герсан
Хъодалаты Герсан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Зындгонд поэт, публицист, тӕлмацгӕнӕг Хетӕгкаты Къоста ӕмӕ Нарты фӕткъуыйы премиты лауреат, журнал "Фидиуӕг"-ы редактор Хъодалаты Герсан цыппӕрӕмы ахицӕн йӕ цардӕй. Поэт ацыд йе' нусон бӕстӕмӕ 83 азы кары.
Коллегӕтӕ ӕмӕ ӕввахс адӕм Хъодалаты Герсаны мысынц, куыд курдиатджын фыссӕг ӕмӕ ӕвзонг поэтты ӕнӕвгъау цардамонӕг.
Остъаты Алан абон у арӕхстджын фыссӕг, фӕлӕ йе сфӕлдыстадон куысты райдайӕны, студентӕй уый фембӕлд Герсанимӕ ӕмӕ йӕ бахъуыды кодта йӕ хӕлардзинадӕй.
"Ӕз уыдтӕн студент, уый та уӕд разамынд лӕвӕрдта журнал "Фидиуæг"-ы аивадон хайадӕн. Уый ӕвзонг фӕлӕр иста тынг хорз, стӕй ма сын амыдта фыссын, кӕм мидис бафтауын, кӕм хъуыды, кӕм та рифмӕ ӕрлӕгъз кӕнын. Герсан дзырдта, уымӕн кӕддӕр йӕхи дӕр афтӕ хъарм кӕй райстой хистӕр фысджытӕ", - радзырдта Остъаты Алан.
Уый ма Хъодалаты Герсаны стыр хорздзинӕдтӕй иуыл нымайы, уый кӕй нӕ радта ахуыссын Хуссар Ирыстоны иунӕг литературон журнал "Фидиуӕг"-ӕн. Йӕ ахадгӕ кармӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ Герсан йӕ фӕстаг бонтӕм куыста журналы ӕмӕ нӕ нымӕг кодта йӕ литературон архайд.
Сгуыхт журналист ӕмӕ литературон преми "Булæмæргъ"-ы лауреат Плиты Инал дӕр Хъодалаты Герсаны хоны ӕнӕцудгӕ патриотизмы дӕнцӕг.
"У зынгӕ ирон фыссӕг ӕмӕ зынгзӕрдӕ патриот. Нӕ историйы 1989 азӕй фӕстӕмӕ уый лӕггад кодта йӕ адӕм ӕмӕ ирон литературӕйӕн. Хӕст цыд, зӕххӕнкъуыстытӕ, донивылдтӕ, хӕстон ӕрхъула, бокада, фӕлӕ уый уӕддӕр лӕггад кодта литературӕйӕн", - мысы Инал.
Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Фидиуӕг-ы сӕйраг редакторӕн йӕ юбилейы цытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.10.2018
Бибылты Анатолий раарфӕ кодта "Фидиуӕг"-ы сӕйраг редакторӕн йӕ юбилейы цытӕн
Уый базонгӕ ис Хьодалаты Герсанимӕ 90-ӕм ӕзты ӕмӕ аннӕтау банкъардта йӕ аудгӕ ахаст.
"Уӕд фысджыты цӕдис ӕмӕ Фидиуӕджы редакци уыдысты иу бӕстыхайы. Ӕвзӕнгтӕ, кӕцытӕ фӕлвӕрдтой фыссӕджы сис, уӕд бахъавыдысты саразын сӕхи цӕдис. Герсан нӕ уӕд хызта царды фыдбылызтӕй. Ныхас кодта немӕ политикӕйыл, бӕстӕйы уавӕрыл ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, аивадыл", - бафтыдта уый.
Хъодалаты Герсан райгуырд 15 октябры 1938 азы Ленингоры районты Уӕллаг Захъхъоры хъӕуы. Йӕ фыццаг ӕмдзӕвгӕтӕ райдыдта фыссын скъолайы кары, мыхуыр ын цыдысты район газет "Ленинон". Уый фӕстӕ йӕ ныфс бахаста фембӕлын фысджыты цӕдисы хистӕр Гафезимӕ. Герсан йе сфӕлдыстадӕй раджы скодта йӕхицӕн ном ӕмӕ 1964 азы рацыд йӕ фыццаг ӕмдзӕвгӕты ӕмбырд гонд "Бæлццон".
Ног хабӕртты лентӕ
0