Адаптацийӕн вольер цӕттӕ у: Знауыры районы цӕттӕ кӕнынц цӕрӕнуат сидзӕр арсы лӕппынтӕн

© Sputnik / Natalia Airiyan Арсы лӕппынтӕ
Арсы лӕппынтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 мая — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Знауыры ӕвӕрд бынаты территорийыл сидзӕр арсы лӕппынты адаптацийӕн вольер цӕттӕ у, фехъусын кодта Sputnik егерь Балтайы хъӕуӕй Плиты Лаврик. Уый радзырдта, арсы лӕппынтӕ нырма кӕй сты уымӕ хӕдзары кӕрты, фӕлӕ ӕввахс бонты сӕ акӕндзысты адаптацийы бынатмӕ.
"Арӕзтадон куыстытӕ фесты. Кӕрт у стыр. Абон-сом акӕндзыстӕм уырдӕм арсы лӕппынты", - банысан кодта егерь.
Арсы сидзӕр лӕппын - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.04.2022
Бинонтӕ баиу сты: арсы цыппӕрӕм сидзӕр лӕппыны радтой Знауыры ӕвӕрд бынатмӕ
Вольер райдыдтой аразын майы райдайӕны. Арсы лӕппынтӕн адаптацийы бынат равзӕрстой ӕвӕрд бынаты фендтаг фадыджы.
Экологион змӕлд "Зеленая Алания"-йы разамонӕг Габайты Зӕлинӕ куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй ӕхгӕд фадыджы дӕргъ у 25 метры ӕмӕ уыййас у йӕ фӕтӕн дӕр.
"Мах бафснайдтам территори. Арӕзтады нын ӕххуыс кодтой ХИПУ студентон совет ӕмӕ "Апполон" клубы минӕвӕрттӕ, афтӕ ма не ‘мгӕрттӕ Михаил Авагимов ӕмӕ Туаты Михаил – ӕнӕ уыдоны ӕххуысӕй махӕн ницы бантыстаид. Фӕлӕ нын уӕддӕр тыхтӕ нӕ фаг кодтой…Ӕнӕнхъӕлӕджы, махмӕ фӕдзырдтой Хъахъхъӕнынады министрадӕй ӕмӕ загътой, министр кӕй банхъардта ӕххуыс. Махмӕ ӕрбарвыстой фондз ӕфсӕддоны, кӕцытӕ эффективон куыст бакодтой", - загъта Габайты Зӕлинӕ.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хызӕджы мидӕггагон ӕмӕ ӕддагон фарс сӕвӕрдтой электрогӕрӕн ӕдасдзинадӕн.
Эколог ма банысан кодта, сӕрды ӕмбисы ӕрсыты нывӕндынц ауадзын ӕрдзмӕ.
Цыппар арсы лӕппыны ссардтой 2022 азы апрелы журналистты хайадистӕй. Ӕвӕццӕгӕн, сӕ мады сын амардтой браконьертӕ, ӕмӕ сидзӕр арсы лӕппынты ахастой Цхинвалы цӕрджытӕ. Ӕрсытӕм сӕ хъус дарынц ӕмӕ сӕ адаптаци кӕнынц ӕрдзы цардмӕ Габайты Зӕлинӕ ӕмӕ Плиты Лаврик.
Ног хабӕртты лентӕ
0