Гом уроктӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕтӕ: куыд банысан кӕндзысты Цхинвалы Мадӕлон ӕвзаджы бон

Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 май – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны хуыцаубоны, 15 майы, банысан кӕндзысты Мадӕлон ӕвзаджы бон. Республикӕйы ахуырад ӕмӕ зонады министрады пресс-службӕйы куыд радзырдтой Sputnik, афтӕмӕй сӕйраг мадзӕлттӕ ацӕудзысты Къостайы скверы Цхинвалы.
Ирыстоны хуссары ӕмӕ цӕгаты дӕр 15 май нысан цӕуы ирон ӕвзаджы бонӕй. Ацы датӕ ӕрӕмных кодтой ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къостайы чиныг "Ирон фӕндыры"-ы мыхуыры бонмӕ.

"Къостайы цырты раз ацӕудзӕн егъау мадзал, цы ран хайад райсыны фадат уыдзӕн столицӕйы алкӕцы ахуырадон уагдонӕн дӕр. Скъоладзаутӕ кӕсдзысты ирон фысджыты ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ уацмыстӕй скъуыддзӕгтӕ. Алкӕцы скъолайӕн дӕр уыдзӕн йӕхи рӕстӕг", - радзырдтой пресс-службӕйы.

Министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ма уымӕй дарддӕр скъолаты ацӕудзысты гом уроктӕ мадӕлон ӕвзаджы бӕрӕгбоны цытӕн.
"Фыццаг гом уроктӕ столицӕйы скъолаты райдайдзысты сом - 14 майы. Уыдон цӕудзысты къуырийы дӕргъы", - бафтыдта агентады ныхасӕмбал.
Чиныг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.01.2022
Цӕмӕн хъӕуы мӕ сывӕллоны ирон ӕвзаг?
Мадӕлон ӕвзаг бахъахъхъӕныны нысанӕн Хуссар Ирыстоны архайы прграммӕ рӕзгӕ фӕлтӕрты монон-фӕткӕвӕрдон хъомылады фӕдыл. Программӕ реализаци цӕуы ныр цалдӕр азы дӕргъы ӕмӕ йӕ фӕлгӕтты уагъд цӕуынц алыгъуызон цымыдисон мадзӕлттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0