Резервон хахх, ковидон фиддонтӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ: цӕуыл ӕрдзырдтой Хуссар Иры хицауады рабадтыл

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 май – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Цхинвалы ацыд Хуссар Ирыстоны хицауады рабадт республикӕйы президент Бибылты Анатолийы къухдариуӕгады бын.
Рабадты райдайӕны паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, ацы сконды ма хицауад кӕй ӕрӕмбырд уыдзӕн иу хатт. Боны фӕткы ӕдӕппӕт уыдысты 14 фарсты.

Медиктӕн фиддонтӕ ӕмӕ куыстмызды минималон бӕрц

Боны фӕткы фыццаг пункт "Куыстмызды минималон бӕрцы" фӕдыл законмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссын" фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан.
"Куыстмызды минималон бӕрц ныр у 13 242 сомы, банхъардтой 14 497 сомы. Законы проект ист куы ӕрцӕуа, уӕд фӕфылдӕр уыдзысты мыздтӕ ӕмӕ бахъӕудзӕн уӕлӕмхас фӕрӕзтӕ республикӕйы паддзахадон бюджетӕй", - загъта Наниты Сослан.
Экономикон райрӕзты министр Тадтаты Дзамболаты ныхӕстӕм гӕсгӕ, куыстмызды минималон бӕрц бӕрӕг цӕуы методикӕмӕ гӕсгӕ, кӕцы райстой 2014 азы.
Коронавирус Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.03.2022
Хуссар Иры хицауад радих кодта фæрæзтæ медиктæн коронавирусы ныхмæ тохы тыххæй
Бибылты Анатолий банхъардта хорзыл банымайын закон ӕмӕ йӕ бахӕссын Хуссар Ирыстоны парламенты ӕркастмӕ, афтӕ ма снысан кӕнын ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сосланы минӕварӕй закондӕттӕг органы.
Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ иууылдӕр схъӕлӕс кодтой ацы хъӕппӕрисыл.
Ноджы ма иу фарст уыд медиктӕн социалон фиддонты фӕдыл коронавирусы пандемийы уавӕрты. Фиддонтӕн фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕндзысты хицауады фӕстауӕрцон фондӕй. Ацы пунктыл дӕр схъӕлӕс кодта хицауад.
Афтӕ ма Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий фехъусын кодта, кӕй йӕм бадзырдта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина, цӕмӕй паддзахадон майданӕй схорзӕхджын кӕной Ставрополы емынӕйы ныхмӕ институты разамонӕджы, медицинон зонӕдты доктор, профессор Александр Куличенкойы Хуссар Ирыстонӕн пандемийы рӕстӕджы егъау ӕххуысы тыххӕй.
Президент хорзыл банымадта ацы хъӕппӕрис ӕмӕ бахӕс кодта Коцты Маринайӕн зӕгъын Куличенкойӕн бузныг республикӕйы цӕрджыты номӕй.

Резервон электрондыхы хахх

Рабадты сӕйраг фарстытӕй иу уыд хицауады уынаффӕмӕ "Республикӕйы бюджетӕй 2022 азы "Энергоресурс"-ӕн субсидитӕ рахицӕн кӕныны фӕдыл, цӕмӕй бамбӕрзой Ручъы тоннелы уылты электрондыхы хахх рауадзыны хӕрдзтӕ" ивындзинӕдтӕ бахӕссын.
"Ис ма дзы фарстытӕ, кӕцытыл кӕронмӕ нӕ бакуыстой – ӕхцатӕ арвитыны тыххӕй организацийӕ уромдзысты 0,5 проценты. 403 милуан сомӕй уыдон сты 2 милуан сомы. Цы фӕрӕзты руаджы бамбӕрздзысты ацы хӕрдзтӕ?", - бадзырдта хицауадмӕ парламенты сӕудӕджерад, транспорт ӕмӕ энергетикӕйы комитеты сӕрдар Тедеты Руслан.
Бибылты Анатолий бахӕс кодта экономикӕйы министрад, финансты министрад ӕмӕ сӕудӕджерады комитетӕн бакусын фарстыл, цӕмӕй рахицӕн кӕной финансон фӕрӕзтӕ Хуссар Ирыстоны хицауады уынаффӕ сӕххӕст кӕнынӕн.

Экологийы хъахъхъӕнынады фарстытӕ

"Дон хъахъхъӕныны зонӕты фӕдыл раздӕры уынаффӕты нӕ уыд дон хъахъхъӕныны зонӕты минималон уӕрӕхдзинад цӕугӕдӕттӕн, кӕцыты дӕргъ у 30-ӕй фылдӕр километры. Нӕ дзы ӕмбарын кӕнынц донбылгӕрон хахх. Ахсджиаг у, цӕмӕй алы цӕрӕгӕн дӕр ӕмхуызон фадат уа бацӕуын цӕугӕдӕтты донбылгӕрӕттӕм", - радзырдта геологи, экологи ӕмӕ ӕрдзӕй пайдакӕнынады комитеты сӕрдары хӕдивӕг Харебаты Алан.
Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, уый кӕй у стыр проблемӕ.
"Донбылгӕрӕтты фылдӕр хай бацахстой. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ивындзинӕдты фӕстӕ мах ӕркӕндзыстӕм фӕткмӕ ацы фарст", - загъта президент.
Фарст расидт хъаугъатӕ ӕрӕмбырдуӕвджыты раз. Хицауадмӕ бадзырдта Хуссар Ирыстоны генпрокурор Багаты Магомед, уый ракуырдта Харебаты Аланӕй бафӕрсын уынаффӕ, кӕцы барвыстой комитетмӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, дон хъахъхъӕныны зонӕты фӕдыл уынаффӕ ныхмӕ дзуры Уӕрӕсейы доны кодексӕн, кӕцы архайы республикӕйы.
Харебаты Алан бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны хисӕрмагонд доны кодекс кӕй ис 2013 азӕй фӕстӕм парламенты ӕркасты.
Президент банысан кодта, кӕй хъӕуы ӕруромын Уӕрӕсейы доны кодексы домӕнтӕ, кӕцытӕ хауынц ацы фарстмӕ, ӕмӕ уӕд уынаффӕ баззайдзӕн йӕ тыхы.

Инвестпрограммӕ

Хицауад ма ӕрдзырдта Инвестицион нывӕзты реализацийыл дӕр. Арӕзтады министр Зӕгъойты Эдуард банхъардта бахӕссын ивындзинӕдтӕ хицауады уынаффӕмӕ, цӕмӕй среализаци кӕной 2023-2025 азтӕм Инвестпрограммӕйы мадзӕлттӕ.

Фиддонтӕ тренертӕн

Хуссар Ирыстоны финансты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Тыбылты Фатимӕ бахӕссын кодта ивындзинӕдтӕ хицауады уынаффӕмӕ, кӕцыты руаджы фиддзысты фиддонтӕ физкультурӕ ӕмӕ спорты фадыджы кусджытӕн.
Бибылты Анатолий банысан кодта ахӕм уынаффӕйы ӕнӕмӕнгхъӕуындзинад ӕмӕ бахахх кодта, уый кӕй уыдзӕн ахъаз тренерты куыст фӕхуыздӕр кӕнынӕн.
Рабадты кӕрон паддзахады сӕргълӕууӕг бадзырдта ӕрӕмбырдуӕвджытӕм ӕмӕ сын бузныг загъта сӕ куысты тыххӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0