Хуссар Иры хицауад радих кодта фæрæзтæ медиктæн коронавирусы ныхмæ тохы тыххæй

© Sputnik / Natalia AiriyanКоронавирус Хуссар Иры
Коронавирус Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны министрты кабинет рахицæн кодта йæ фæстауæрцон фондæй æхсæз милуан сомæй чысыл фылдæр фиддонтæн медиктæн, кæцытæ кусынц "сырх зонæ"-йы.
Медиктæ райсдзысты фиддонтæ февраль æмæ январы иу хаййы тыххæй. Ӕдæппæт рахицæнгонд æрцыд 6,1 милуаны бæрц.
Андрей Петроченко - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.01.2022
COVID-19-имӕ тохы ӕфсад: куыд сфидар ис Хуссар Иры ӕдзухон бархионты къорд
Хицауады сæрдар Бекъойты Геннадий бафиппайдта, зæгъгæ, кæд республикæйы коронавирусимæ уавæр фæхуыздæр ис, фæкъаддæр сты рынчынтæ, уæддæр медиктæн фиддонты бæрц баззад раздæры æмвæзадыл. Уый бахатыд æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Наниты Сосланмæ хъус æрдарын ахæм хабармæ, "цæмæй дохтыртæ уæлдай хатт "сырх зонæ"-мæ ма хизой".
Наниты Сослан радзырдта, зæгъгæ, ныртæккæ стационарон уавæрты коронавирусæн хос кæнынц дæс адæймаджы, ис пациенттæ районты дæр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, министрады прогнозтæ уæлæмхас фиддонты тыххæй хицауадмæ бавдисдзысты ацы мæйы кæрæтты.
Ног хабӕртты лентӕ
0