Хуссар Иры парламенты хорзыл банымадтой ивындзинӕдтӕ 2022 азы паддзахадон бюджетмӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanПарламенты сесси
Парламенты сесси - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 май — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ хорзыл банымадтой законы проект, цӕмӕй ивындзинӕдтӕ бахӕссой хицауады уынаффӕмӕ "2022 азы республикӕйы бюджетӕй субсидитӕ рахицӕн кӕнын "Энергоресурс"-ӕн, цӕмӕй уыдон бамбӕрзой Ручъы тоннелы уылты электрондыхы хахх ауадзыны хӕрдзтӕ". Депутатты ӕрныхасмӕ фарст рахаста бюджет ӕмӕ хъалонты фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Джиоты Елена.
Знон ацы фарстыл дзырд цыд Хуссар Ирыстоны хицауады рабадтыл.
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.05.2022
Резервон хахх, ковидон фиддонтӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ: цӕуыл ӕрдзырдтой Хуссар Иры хицауады рабадтыл
Джиоты Елена банысан кодта Sputnik, ивындзинӕдты руаджы рахицӕн кӕндзысты финанстӕ технологон ӕрбаиу кӕныны хӕрдзтӕ бамбӕрзынӕн.
"Финанскӕнынад уыдзӕн 191 милуан сомы бӕрц. Мах фылдӕр кӕнӕм социалон-экономикон райрӕзты хӕрдзтӕ, ӕмӕ ацы суммӕ исӕм Инвестицион программӕйы хӕрдзтӕй. Мах ницы сафӕм – уый у фиддон лӕггӕдтӕн", - банысан кодта Джиоты Елена.
Афтӕмӕй парламентаритӕ сфидар кодтой республикӕйӕн 2022 азы финансон ӕххуысы фӕрӕзты райуӕрст.
Резервон электрондыхы хахх баиу кодтой фарон ноябры кӕрӕтты "Цӕгаттаг Портал" 110 кВ дӕлстанцыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0