Хуссар Иры ПАИ радзырдтой иууыл тӕссагдӕр цхинвайлаг аварион алвӕндӕгты тыххӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanМилици
Милици - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 май — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы алвӕндӕгтыл авритӕ арӕх кӕй ӕрцӕуынц, уый аххос у шофырты ӕнӕмӕт ахаст фӕндагон змӕлды фӕткмӕ, нымайы Паддзахадон автоинспекцийы батальоны командир Коцты Алим.
Хуссар Ирыстоны столицӕйы фӕндагон-транспортон цаутӕ арӕх сты. Информацион фӕрӕзты ӕрвылкъуыри дӕр вӕййы хъусинаг ӕрцӕугӕ авариты тыххӕй, фылдӕр хатт сӕ бынат дӕр вӕййы уыцы иу. Ахӕм тӕссаг бынӕттӕй ис у Тӕболты Сергейы ӕмӕ Хъайтарты уынгты алвӕндаг. Ӕрмӕст фӕстаг суткӕйы ам ӕрцыд дыууӕ аварийы.
"Тӕболты Сергейы ӕмӕ Хъайтарты уынгты алвӕндаг у стыр ӕмӕ проблемон. Арӕх дзы ӕрцӕуынц аваритӕ. Сӕ аххосаг свӕййы уый, ӕмӕ шофыртӕй бирӕтӕ уӕлӕнгай ахаст дарынц фӕндагон змӕлды фӕткойтӕм ӕмӕ аскъӕрынц светофоры сырх рухсыл дӕр. Афтӕ сӕвзӕрынц аварион уавӕртӕ", - загъта Коцты Алим.
Ацы алвӕндагыл нӕй ӕвӕрд видеоцӕстдарды камерӕтӕ, уый та арӕх хӕссы къуыхцыдзинӕдтӕ аварийы аххосджыны сбӕрӕг кӕныны хъуыддаджы.
Уымӕй дарддӕр ма Коцты Алим ранымадта столицӕйы ӕндӕр тӕссаг алвӕндӕгтӕ дӕр, сӕ иу хай ӕмбӕлы Джиоты Аланы проспектыл: Советон, Чкаловы, Пушкины уынгтӕ. Уыдонӕй алкӕцыйыл дӕр ӕвӕрд ӕрцыдысты светофортӕ бирӕнымӕц авариты тыххӕй. Уый, инспекторы ныхӕстӕм гӕсгӕ, рараст кодта уавӕр хуыздӕрырдӕм.
Гаглойты Маирбег: куыст цӕуы Ӕдас горӕт баиу кӕныны кӕройнаг этапыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.04.2022
Гаглойты Маирбег: куыст цӕуы "Ӕдас горӕт" баиу кӕныны кӕройнаг этапыл
"Аваритӕ ма арӕх ӕрцӕуынц Тӕболты Сергейы ӕмӕ Лужковы уынгты алвӕндагыл дӕр. Ам светофор нӕй, фӕлӕ дзы ис фӕндагон нысӕнттӕ. Сӕйраг фӕндагыл цӕуӕг хӕдтулгӕйы хъуамӕ ауадзой фӕрсаг уынгтыл цӕуджытӕ", - бамбарын кодта уый.
ПАИ минӕвар бахахх кодта, зӕгъгӕ, шофыртӕ фӕндагон змӕлды фӕтк куыннӕ хъахъхъӕной, уӕд аваритӕ уыдзысты арӕх.
Ног хабӕртты лентӕ
0