Психологон ӕгъауӕй цъӕл сты: ӕфсӕддон фӕлгӕсӕг украинӕйаг хӕстонты тыххӕй "Азовсталь"-ӕй

© Sputnik / Russian Defence Ministry /  Ахизын медиабанкмæ"Азвосталь"-ы уацайрӕгтӕ
Азвосталь-ы уацайрӕгтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 май – Sputnik. "Азовсталь" ма штурм кӕныны скъуыддзаг уыд раст, фехъусын кодта Sputnik ӕфсӕддон фӕлгӕсӕг Борис Рожин.
Эксперты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый фӕстиуӕгӕн бавӕрдтой бирӕ адӕмы цӕрдтӕ, ныхмӕлӕууӕг та ӕнӕ масштабон штурмӕй йӕхи дӕтты уацары.

"Ныхмӕлӕууӕджы тыхтӕ капитуляци кӕнынц, фӕлӕ уыдон апрелы хъусын кодтой, кӕронмӕ кӕй фӕлӕудзысты. Мах куыд уынӕм, афтӕмӕй уыдоны фылдӕр хай сӕхи уацары дӕттынц ӕнӕниздзинады хорз уавӕримӕ, уыд ма сӕм хӕстӕрмӕджытӕ дӕр. Цыдӕр рӕстӕг ма сын уыд фадат тох кӕнын. Психологон ӕгъдауӕй цъӕл сты", - банысан кодта Рожин.

Эксперт бахахх кодта, "Азовсталь"-ы уавӕр гӕнӕн уыдзӕн схонын Украинӕйы егъаудӕр фембылд 2014 азӕй фӕстӕмӕ, уацайрӕгты нымӕц куы фӕфылдӕр уыдзӕн Иловайский, Дебальцевский ӕмӕ Ильичы номыл заводы капитуляцийы фӕстӕ.
УФ Курскы областы иу адӕймаг амард Украинӕйы ‘рдыгӕй ӕхстыты фӕстӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.05.2022
УФ Курскы областы иу адӕймаг амард Украинӕйы ‘рдыгӕй ӕхстыты фӕстӕ
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Украинӕйы Гарзджын тыхтӕ ацы архайд хонынц эвакуаци, фӕлӕ официалон ӕшъдауӕй сбӕрӕг кодтой, уыдон сӕхи уацары кӕй дӕттынц.
Эксперт бафтыдта, уӕрӕсейаг фарс хорз уавӕрты кӕй дары уацайрӕгты.
Ӕфсӕддон фӕлгӕсӕг ма радзырдта, сӕрмагонд ӕфсӕддон операци кӕй цӕудзӕн цалынмӕ Донецк ӕмӕ Луганскы республикӕты территоритӕ ссӕрибар кӕной, уӕдмӕ, - дарддӕры архӕйдтытыл дзурын нырма раджы у.
Ног хабӕртты лентӕ
0