УФ Курскы областы иу адӕймаг амард Украинӕйы ‘рдыгӕй ӕхстыты фӕстӕ

© Фото : Роман Старовойт/TelegramУФ Курскы областы иу адӕймаг амард Украинӕйы ‘рдыгӕй ӕхстыты фӕстӕ
УФ Курскы областы иу адӕймаг амард Украинӕйы ‘рдыгӕй ӕхстыты фӕстӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 май — Sputnik. Курскы областы Теткино поселок фехсыны фӕстиуӕгӕн минимум иу адӕймаг амард. Уый тыххӕй Telegram-ы йӕ фарсыл фехъусын кодта Курскы областы губернатор Роман Старовойт.
"Ныхмӕлӕууӕджы радон атакӕ Теткинойыл, кӕцы ӕрцыд райсом раджы, хъыгагӕн ӕркодта трагедимӕ. Нырмӕ бӕрӕг у иу фӕмардуӕвӕг граждайнаг цӕрджыты ӕхсӕн", - бахахх кодта губернатор.
Роман Старовойт бафтыдта, зӕгъгӕ, развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, уый у фурайы шофыр, кӕцы ӕрласта хомӕг спиртзаводмӕ. Ныхмӕлӕууӕг цалдӕр ӕхст фӕкодта ацы объект.
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон-космикон ӕфсӕдтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2022
Уӕрӕсейы ӕфсӕдтӕ скуынӕг кодтой европӕйаг ӕххуырст ӕфсӕддонты дӕлхайӕдты Украинӕйы
"Ис дзы цӕфтӕ дӕр. Ныртӕккӕ сын ӕххӕст кӕнынц медицинон ӕххуыс", - загъта уый.
РИА Новости куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй ацы къуырийы дӕргъы Теткино цалдӕр хатт ӕхстой Украинӕйы территорийӕ - цӕфты бын бахаудта сӕкӕры завод. Афтӕ ма уӕрӕсейаг ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй цалдӕр хатт ӕхстой поселочы цы арӕнгӕрон пункт ис, уый. Уӕрӕсейаг уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады тыхтӕ ныры онг ӕрӕппӕрстой регионы сӕрмӕ фондз ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, кӕцытӕ стахтысты Украинӕйы территорийӕ.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0