Хъырымæй сенатор радзырдта УФ Федерацийы Совет æмæ Хуссар Иры парламенты фембæлды тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянСергей Цеков
Сергей Цеков - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 май — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæнпарламентон æмгуыстады фæдыл къамисы рабадтыл æрдзырдтой фарстытыл, кæцытæ баст сты дывæр æмбæстагадимæ, медицинон ифтонгадимæ, фехъусын кодта Sputnik Уæрæсейы Федерацийы Советы æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл комитеты уæнг Сергей Цеков.
Уæрæсейы Федерацийы Советы æмæ Хуссар Ирыстоны парламенты хсæн æмгуыстады фæдыл къамисы рабадт ацыд Мæскуыйы. Дыууæ бæстæйы парламентаритæ æрдзырдтой фарстытыл, кæцытæ лæууынц Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад æмæ цæрджыты раз.
"Фарсытæ æрдзырдтой санитарон-курортон хоскæнынадыл дæр, сæйраджыдæр, Хъырымы, цы ран гæнæн ис рацæуын хорз æмвæзады хоскæнынад алыхуызон низтæй. Къамисы рабадтыл дыккаг хатт æрдзырдтой Уæрæсейы Федерацийы арæны уылты Хуссар Ирыстонæй хæдтулгæты æрбаласты фарст. Знон мах лæмбынæгæй æрдзырдтам ацы темæйыл æмæ ссардæуыд проблемæ аскъуыддзаг кæнын фадæттæ. Уæрæсейаг фарсы тыхсын кæны, дыууæ минæй фылдæр хæдтулгæйы кæй "фесæфтысты" УФ территорийыл. Мах хъуамæ ма 'руадзæм ахæм цаутæ", - загъта Цеков.
Сергей Цеков банысан кодта, кæй ма æрдзырдтой РХИ æмæ УФ хицæуæдты хсæн бадзырдыл дывæр æмбæстагады фæдыл фарстытæ æрнывыл кæныны тыххæй. Уый размæ, 19 майы, Паддзахадон думæ райста Федералон закон дывæр æмбæстагады фæдыл.
Фембæлды рæстæджы ма дзырд цыд дыууæварсон ахастыты практикон фарстытыл æмæ æхсæнпарламентон æмгуыстады перспективæтыл.
Сергей Цеков бахахх кодта, къухдариуæгад раивыны фæстæ дыууæ бæстæйы æмархайд дарддæр фидар кæндзæн.
Сенатор банымадта дыууæварсон æмгуыстад пайдаджыныл, афтæ ма банысан кодта, фæстаг цыппар азы дæргъы йæхæдæг дæр бирæ хатт кæй уыд Хуссар Ирыстоны алыхуызон паддзахадон мадзæлтты.
Къамис сфидар кодта 2022 азы дыккаг хаймæ куысты нывæзт. Къамисы уæнгтæ нывæндынц æрцæуын Цхинвалмæ октябры.
Ног хабӕртты лентӕ
0