УФ æфсад сæрмагонд операцийы рæстæджы скуынæг кодта минæй фылдæр æнæпилотон тæхæг аппараты

© Министерство обороны РФ /  Ахизын медиабанкмææнæпилотон тæхæг аппарат
æнæпилотон тæхæг аппарат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 май – Sputnik. Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы райдайæнæй скуынæг кодтой 1006 æнæпилотон тæхæг аппараты. Уый тыххæй æртыццæджы брифингыл фехъусын кодта УФ Хъахъхъæнынады министрады официалон минæвар инæлар-майор Игорь Конашенков.
 УФ сӕрмагонд ӕфсӕддон операци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.05.2022
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ скуынӕг кодтой Украинӕйы Гарзджын тыхты 436 лӕууӕн бынаты
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 178 хӕдтӕхӕджы, 126 вертолеты, 1006 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 322 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 3258 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 430 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 1671 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 3155 иуӕджы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0