"Фæстаг дзæнгæрæг" Хуссар Иры ацыд æнæ цаутæй – МХМ

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ милици
РХИ милици - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 май – Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Хуссар Ирыстоны "Фæстаг дзæнгæрæджы" бæрæгбон ацыд æнæ цаутæй, фехъусын кодтой Sputnik цыппæрæмы республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæйы. Уагдоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, радгæсон хайадмæ нæ бацыд хъусинаг фæткхæлдты фæдыл.
"Министрад райста мадзæлттæ, цæмæй сæххæст кæной фæтк æмæ æмбæстæгты æдасдзинад бæрæгбоны рæстæджы", - загътой пресс-службæйы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, барадхъахъхъæнджытæ сæ хъус дардтой æдасдзинадмæ скъолаты, цыдысты рауагъдонтимæ бæрæгбонон мадзæлттæ уадзыны бынæттæм, афтæ ма æххæст кодтой барадон фæтк бæрæгбонон концерты рæстæджы Театралон фæзуатыл.
МХМ кусджытæ ма сæ хъус дардтой автотранспорты змæлдмæ, сгарстой хæдтулгæтæ. Æнахъомты хайадистæй фæткхæлдтæ бæрæг не ‘рцыд.
Фæстаг дзæнгæрæг Хуссар Иры  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.05.2022
Фæстаг дзæнгæрæг. Хуссар Иры рауагъдонтæ хæрзбон дзурынц скъолайæн
Ног хабӕртты лентӕ
0