Дывӕр ӕмбӕстагады бадзырд фадат ратдзӕн Хуссар Иры цӕрджытӕн уӕрӕсейаг ӕмбӕстагад райсынӕн

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæДевушка демонстрирует российский паспорт на стойке регистрации в международном аэропорту "Казань". Архивное фото
Девушка демонстрирует российский паспорт на стойке регистрации в международном аэропорту Казань. Архивное фото  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сӕдӕгай адӕймӕгтӕн нырма дӕр нӕй Уӕрӕсейы ӕмбӕстагад. Ацы категорийы адӕм бирӕ ӕзты дӕргъы архайынц сӕ проблемӕ аскъуыддзаг кӕныныл, фӕлӕ сын нырма ницы ӕнтыст уыд. Тыхст адӕм ныр сӕ ныфс сбастой дыууӕ бӕстӕйы хсӕ ног бадзырдимӕ.
Хуссар Ирыстоны информацион тыгъдад фӕстаг бонты байдзаг ис дывӕр ӕмбӕстагады фӕдыл бадзырды хъусинӕгтӕй. Ног документ кӕны ног фӕндӕгтӕ социалон фадыджы - Хуссар Иры цӕрджытӕн фӕзындзӕн фадӕттӕ Уӕрӕсейы территорийыл ахуырад райсынӕн, медицинон лӕггӕдтӕй пайда кӕнынӕн, социалон фиддонтӕ райсынӕн. Фӕлӕ сӕйраг ацы документ ныфс бауагъта, ӕрмӕст Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстагад кӕмӕн ис ӕмӕ уӕрӕсейаг та дӕргъвӕтин ӕзты райсын кӕмӕн не 'нтысы, уыдоны.
Ацы категорийы нымӕц фӕстаг ӕзты ахызт бирӕ сӕдӕ адӕймагӕй. Иутӕ сӕ цухдзинадыл хъӕцынц, аннӕтӕ та цӕуынц бӕрон кусджытӕм сӕ проблемӕтимӕ.
РХИ æмæ УФ паспорттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.05.2022
Паддзахадон думӕ сратификаци кодта Хуссар Иримӕ бадзырд дывӕр ӕмбӕстагады фӕдыл
"Йӕ рӕстӕджы ӕппӕт дӕр куыд хъуыд, афтӕ сарӕзтон. Баццӕтӕ кодтон мӕ гӕххӕттытӕ. Фыццаг мын сӕ фесӕфтой, фӕлӕ та сӕ фӕлхаттонӕй радтон. Фӕлӕ Уӕрӕсейы ӕмбӕстад нал бафтыд мӕ къухы", - дзуры Цхинвалы цӕрӕг Кокойты Агуындӕ.
Чызг ахӕм проблемӕимӕ иунӕг нӕу.

"Нӕ иу хай сарӕзта къорд WatsApp-ы, ӕрмӕст уым стӕм 300 адӕймагӕй. Ацы бадзырд та нӕ ногӕй ныфс бауагъта, 13 азы фӕстӕ мӕ къухы кӕй бафтдзӕнис уӕрӕсейаг ӕмбӕстагад", - бафтыдта уый.

Ахӕм проблемӕ алыг кӕныныл архайы Цхинвалы цӕрӕг ӕндӕр чызг Арина дӕр. Уый йӕ бон куы базыдта Хуссар Ирыстоны, уӕд бахъавыд йӕхи тыхтӕй, иумӕйаг бартӕй пайда кӕнгӕйӕ, райсын Уӕрӕсейы ӕмбӕстагад.
РХИ Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.12.2021
Хуссар Иры парламент сратификаци кодта бадзырд Уӕрӕсеимӕ дывӕр ӕмбӕстӕгады фӕдыл
"Нӕ бинонтӕ иумӕ радтам нӕ гӕххӕттытӕ уӕрӕсейӕг документ райсынмӕ, ӕз ӕмӕ ме 'фсымӕрӕн нӕ радтой цӕмӕдӕр гӕсгӕ. Уый фӕстӕ фӕлвӕрдтам иумӕйаг фӕткӕмӕ гӕсгӕ, радтам фӕлварӕнтӕ, ӕппӕт документтӕ дӕр саразтам, дунейы рӕстӕг фӕсӕфтам, нӕ хӕрдзтӕ ахызтысты фӕйнӕ 80 минтӕй, фӕлӕ нын уӕддӕр Уӕрӕсейаг ӕмбӕстагад нӕ радтой, мах ӕндӕр бӕстӕйы тыхон структурӕйы кусджытӕ кӕй стӕм, уый аххосагӕй", - радзырдта Арина.
Закондӕттӕг оргаты вице-спикер Плиты Александры ныхӕстӕм гӕсгӕ, дывӕр ӕмбӕстады бадзырд цы ӕвӕрццаг ивындзинӕдтӕ хӕссы, уыдоны нымӕцы ис Уӕрӕсӕйы ӕмбӕстагад ӕнцон амӕлттӕй райсын дӕр.

"Бадзырд нырма йӕ тыхы нӕ бацыд, майрӕмбоны йӕм ӕркӕсдзӕн Федерацийы Совет. Фӕлӕ куыддӕр скуса, афтӕ Хуссар Ирыстоны йӕ рӕстӕджы паспорттӕ чи нӕ райста, уыдонӕн сӕ бон суыдзӕн райсын Уӕрӕсейы ӕмбӕстагад ӕнцон амӕлттӕй. Уый тыххӕй сӕ хъӕудзӕн документтӕ бадӕттын УФ минӕварады консулон хайадмӕ. Иууыл фылдӕр сӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын бахъӕудзӕн ӕрдӕг аз", - баныфсӕвӕрдта Плиты Александр.

Хуссар Ирыстоны парламенты делегаци ацы бонты уыд Уӕрӕсейы кусӕгон балцы. Куыст цыд дыууӕ бӕстӕйы хсӕн бадзырдтӕ фидар кӕныныл.
Ног хабӕртты лентӕ
0