Цхинвал сфӕлындзысты 10 мин уардийӕ

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвал сфӕлындзысты 10 мин уардийӕ
Цхинвал сфӕлындзысты 10 мин уардийӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.05.2022
Рафыссын
Дидинтӕ сагъд цӕуынц Стыр Парчы ӕмӕ Ногдзауты парчы
ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстонӕй ацӕугӕ амалиуӕггӕнӕг Туаты Георгий йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕрӕрвыста 10 мин уардийы лӕварӕн.
"Не 'мбӕстаг Туаты Георгий цӕры Цӕгат Ирыстоны, уымӕн йӕхицӕн ис стыр хъӕмуаттӕ ис ӕмӕ нын лӕварӕй ӕрӕрвыста уардитӕ", - радзырдта горӕты администрацийы сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Пухаты Дмитрий.
Нӕзыбӕлас - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.04.2022
Цхинвалы алфӕмбылай сфӕлындзысты хъырымаг нӕзыбӕлӕстӕй
Уый хӕрзгӕнӕгӕн йӕ фыццаг акци нӕу, цалдӕр азы размӕ ма уый ӕрӕрвыста Картлийы талатӕ Цхинвалӕн, уӕд уыдон не 'руагътой Джиоты Аланы проспектыл ныссадзын ӕмӕ сӕ ахастой Вокзалгӕрон фӕзуатмӕ.
© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвал сфӕлындзысты 10 мин уардийӕ
Выходец из Южной Осетии подарил Цхинвалу 10 тысяч роз  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.05.2022
Цхинвал сфӕлындзысты 10 мин уардийӕ
Дыццӕджы сӕумӕ райсом горӕты зӕлдфӕлындӕн дӕлхайады кусджытӕ бавнӕлдтой иу уӕзласӕн машинӕ уардитӕй ссӕрибар кӕнынмӕ.
"Садзӕм сӕ афтӕ, цӕмӕй ма дзы бынат баззайа къутӕр ӕмӕ бӕласы талатӕн. Стыр парчы фӕстӕ та дидинджыты иу хай ныссадзыстӕм Ногдзауты парчы",- загъта дӕлхайады сӕргълӕууӕг Пӕррӕстаты Ирина.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Стыр парчы ныр дӕр зайы уардитӕ, уыдон та Хуссар Ирыстон райста лӕварӕй Донецкӕй.
"Донецкӕй дӕр райстам дыууӕ мин ӕмӕ ма сӕ ис ӕрмӕст 800, адӕм сӕ фӕдавтой. Ныр адӕммӕ хатӕм ам камератӕ ис ӕмӕ сӕхи худинаджы бынаты ма ӕвӕрой",- бафиппайдта уый.
Зӕлдфӕлындӕн дӕлхайады кусджытӕ ма хъазт, кӕнынц донхӕры дон кӕй нӕ арӕхсы Стыр паркмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0