Хуссар Иры бастдзинады раздæры министр рахиздзæн ахæстонæй

Къæбысты Георгий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы тæрхондон ссæрибар кодта Хуссар Ирыстоны бастдзинады раздæры министр Къæбысты Георгийы дарддæры ахæстæй.
Къæбысты Георгийы æрцахстой 2017 азы 7 ноябры. Экс-министры азымджын кодтой экономикон фыдракæндты, службæйон хæсты сæрты ахизыны, афтæ ма хæцæнгарз æнæзаконæй æвæрыны. Къæбысты Георгийæн рахастой тæрхон аст азы ахæст. 2019 азы августы æмгъуыд фæкъаддæр кодтой авд азы онг.
Тæрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.05.2022
Тæрхондон æркæсдзæн Къæбысты Георгийы хъуыддагмæ ног къуыри
Фарон апрелы Къæбысты Георгий бадæтта куырдат, цæмæй йæ ссæрибар кæной æмгъуыдæй раздæр, уымæн æмæ уыцы рæстæгмæ уый арвыста ахæстоны æмгъуыды æрдæг хай. Фæлæ йын уæд тæрхондон ууыл не сразы.
Абоны рабадт уагъта тæрхонгæнæг Тыбылты Инал.
Къæбысты Георгийы авдокат Икрамжан Раматов бафарста куырдиат æмгъуыдæй раздæр ссæрибар кæныны фæдыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы куырдиат бадæттыны рæстæджы Къæбысты Георгий арвыста ахæстоны 5,5 азы.
"Йæ ахæстæй фæстæмæ Къæбысты Георгий йæхиуыл кусы, фылдæр кæны зонындзинæдтæ, цæуы библиотекæмæ, кæцы йæхæдæг сорганизаци кодта, архайы спортæй. Хæдзары йæм æнхъæлмæ кæсынц бинонтæ – йе ‘мкъай, дыууæ сабийы, мад æмæ фыд, кæцыты хъæуы йæ моралон æмæ физикон æххуыс", - загъта Раматов.
Ацы æмæ æндæр аргументтæ хынцгæйæ, авдокат ракуырдта тæрхондонæй хорзыл банымайын куырдиат æмгъуыдæй раздæр ссæрибар кæныны фæдыл.
Ахæстоны администрацийы минæвар банысан кодта, Къæбысты Георгийæн кæй ис хорз рекомендацитæ æмæ администраци разы у, цæмæй йын хорзыл банымайой йæ куырдиат æмгъуыдæй раздæр ссæрибар кæныны фæдыл.
Ахæм позици уыд прокурорæн дæр.
Къæбысты Георгийы ссæрибар кæндзысты 10 боны фæстæ, аскъуыддзаг кодта тæрхондон.
Къæбысты Георгий у Паддзахадон æдасдзинады комитеты æмæ Æддагон разысгарæн службæйы раздæры кусæг, уыд Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хъахъхъæнынады хистæры хæдивæг, информаци æмæ мыхуыры комитеты сæргълæууæг.
Ног хабӕртты лентӕ
0