Хуссар Иры нысан кӕнынц Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон

© Sputnik / Natalia Airiyan Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон
Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 июн – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕджы нысан кӕнынц Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон.
Бӕрӕгбоны цытӕн сабитӕн ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн раарфӕ кодта республикӕйы президент Гаглойты Алан. Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, абоны бӕрӕгбон алкӕцы хистӕры зӕрдыл дӕр ӕрлӕууын кӕны, кӕй сын ис бӕрндзинад сӕ хъӕбулты раз.
"Нӕ иумӕйаг, паддзахад ӕмӕ ӕхсӕнады хӕс - цӕмӕй сын саразӕм аккаг уавӕртӕ интеллектуалон, монон ӕмӕ физикон райрӕзтӕн, цӕмӕй нӕ республикӕйы сабитӕн фадат уа сӕ курдиӕттӕ реализаци кӕнынӕн. Амондджын сывӕллӕттӕ - Хуссар Ирыстоны ныфсджын ӕмӕ дидинӕфтаугӕ фидӕны гаранти", - загъта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг.
Паддзахады сӕйраг нысӕнттӕй иу бӕстӕйы сӕргълӕууӕг схуыдта рӕзгӕ фӕлтӕрты бартӕ ӕмӕ интерестӕ хъахъхъӕнын, ӕвзонг ӕмӕ бирӕсывӕллонджын, афтӕ ма низӕфхӕрд сабитимӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕнын.
Цыхуырбаты Татьяна: куыд нысан кæнæм Æппæтдунейон сывæллоны бон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.02.2022
Цыхуырбаты Татьяна радзырдта, куыд нысан кæндзысты Хуссар Иры Сывæллоны æппæтдунейон бон
Бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ сабитӕн сараздзысты Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны. Йӕ минӕвар Ӕрсойты Зӕринӕ куыд радзырдта, афтӕмӕй галуаны 15.30 сахатыл райдайдзӕн мадзалы официалон хай. Стӕй 18.00 сахатыл та столицӕйы Ногдзауты парчы байгом кӕндзысты хиирхӕфсӕн зонӕ алыгъуызон хъӕзтытимӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0