Цхинвалы зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой судзгӕ хӕдтулгӕ - Хуссар Иры УУМ

© Sputnik / Natalia AiriyanЗынгфӕдисонтӕ
Зынгфӕдисонтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕйраг сахары дысон ӕхсӕв ссыгъд хӕдтулгӕ Mercedes-Benz GLS, хъусын кӕны республикӕйы УУМ пресс-службӕ.
Сталины уынджы 117 хӕдзары кӕрты ӕрцӕугӕ цауы тыххӕй хъусинаг уагдонмӕ фӕхӕццӕ кодтой ӕхсӕвы дыууӕ сахатыл.
"Цауы бынатмӕ атындзыдта зынгфӕдисонты иу къорд. Арт апырх ис хӕдтулгӕйы раззаг хаййыл галиуварс. Ссыгъды аххосӕгтӕ бӕрӕг кӕнынц специалисттӕ", - банысан кодтой УУМ.
Уагдоны ма фехъусын кодтой, уӕлвӕткон цауы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ кӕй нӕй.
Хуссар Иры Сатихъары хъæуы басыгъд хисæрмагонд хæдзар  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2022
Хуссар Иры Сатихъары хъæуы басыгъд хисæрмагонд хæдзар - УУМ
Ног хабӕртты лентӕ
0