Хуссар Иры сидзӕр арсы лӕппынты цӕттӕ кӕнынц ӕрдзмӕ ауадзынмӕ

© Photo : Залина ГабаеваАрсы лӕппын
Арсы лӕппын - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны арсы сидзӕр лӕппынты июны ауадздзысты ӕрдзмӕ, фехъусын кодта Sputnik экологион организаци "Зеленая Алания"-йы разамонӕг Габайты Зӕлинӕ.
Цыппар лӕппыны ныр дыууӕ мӕйы дӕргъы сты экологион организацийы минӕвӕрттӕ ӕмӕ Балтайы ӕвӕрд хъӕды егерь Плиты Лаврикы хъусдарды бын. Апрелы райдайӕнӕй Цхинвалы социалон хызӕгты апарахат сты чысыл сырдты къамтӕ ӕмӕ видеотӕ. Активистты архайды фӕрцы Мишка, Аришка, Ахмӕт ӕмӕ Ирбег ныр сты иумӕ.
"Байрӕзтысты, ӕрмӕст ӕхсыр сын фаг нал у. Уымӕ гӕсгӕ хатӕм, цӕмӕй дыргъ ӕмӕ халсар кӕмӕ ис, уыдон нӕм фӕкӕсой. Нырма сӕм нӕ хъус дардзыстӕм, фӕлӕ нӕ фӕнды ис уыдон ӕрдзмӕ ауадзын иу мӕйы фӕстӕ", - загъта экологион организациы хистӕр.
Габайты Зӕлинӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, нырма фидарӕй зӕгъӕн нӕй, куыд ахуыр кӕнынц сырдтӕ ӕрдзы цӕрын, уый.
"Нӕ уӕрӕсейӕг коллегӕтимӕ ныхас кӕнӕм, куыд ахуыр кӕнынц, уый фӕдыл. Ис ӕвӕрццӕг ивындзинӕдтӕ, адӕммӕ нал тырнынц, фӕстӕдӕр бӕлвырд уыдзӕн, ӕрдзы цӕрын сфӕрадзысты ӕви нӕ", - бафтыдта уый.
Арсы лӕппынтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.05.2022
Адаптацийӕн вольер цӕттӕ у: Знауыры районы цӕттӕ кӕнынц цӕрӕнуат сидзӕр арсы лӕппынтӕн
Ног хабӕртты лентӕ
0