Уӕрӕсейы бон Хуссар Иры банысан кӕндзысты равдыст, диктант ӕмӕ сабиты конкурсӕй

© Sputnik / Наталья АйриянУӕлахизы бон
Уӕлахизы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы банысан кӕндзысты Уӕрӕсейы бон къорд цытджын мадзалӕй, уыдон райдайдзысты 10 июнӕй. Мадзӕлттӕ аразыны бӕрн сӕхимӕ райстой Культурӕйы министрад, УФ минӕварад, Россотрудничество ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгты цӕдис.
Ацы бонмӕ традицион ссис сывӕллӕтты нывты конкурс уадзын, ацы аз дӕр та уый ацӕудзӕн республикон библиотекӕйы.

"Нысан кӕндзыстӕм бӕрӕгбон Ирыстоны адӕмимӕ иумӕ. 11 июны 11.00 сахатыл хонӕм цӕрджыты Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгты цӕдисимӕ сывӕллӕтты конкурс "Я рисую Россию"-мӕ. Ам бынаты сабитӕ сӕхӕдӕг ныв кӕндзысты Уӕрӕсейы фӕлгонц, куыд ӕй уынынц, афтӕ", - загъта Россотрудничествойы хистӕр Сергей Скворцов.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ ма уыцы бон ацӕудзӕн ӕвзонг нывгӕнджыты равдыст дӕр.
"Паддзахадон университеты бӕстыхайы ацӕудзӕн равдыст Уӕрӕсейы боны цытӕн. Уӕрӕсейы минӕварады ацӕудзӕн официалон химӕрайст", - бафтыдта уый.
Республикон культурӕйы министрад та ацы бӕрӕгбонмӕ нывӕнды диктант, равдыст ӕмӕ сфӕлдыстадон лабораторийы баконд.
Хуссар Ир - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.06.2022
Хуссар Ирмæ æнхъæлмæ кæсынц æртæ улæфт боны Уæрæсейы боны фæдыл
Ног хабӕртты лентӕ
0