Украинӕйаг къордтӕ Донбассы хӕссынц стыр зиӕнттӕ - УФ хъахъхъӕнынады министрад

© Sputnik / Стрингер /  Ахизын медиабанкмæУкраинӕйаг ӕфсӕддонтӕ
Украинӕйаг ӕфсӕддонтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. Украинӕйаг группировкӕ Донбассы хӕссы зынгӕ зиӕнттӕ удӕгас тыхтӕй, хӕцӕнгӕрзтӕй ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕйӕ. Уый тыххӕй райсомы брифингы фехъусын кодта Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады официалон минæвар инæлар-майор Игорь Конашенков.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Святогорск ссӕрибар кӕныны рӕстӕджы ӕртӕ боны тохты фӕстиуӕгӕн украинӕйаг ӕфсад фесӕфта ӕртӕсӕдӕйӕ фылдӕр националисты, ӕхсӕз танчы, 15 алыгъуызон фидаргонд ӕфсӕддон машинӕйы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 36 сармадзаны, залпон ӕхсты реактивон системӕт "Град"-ы 4 ӕвӕрӕны ӕмӕ автомобилон техникӕйы дыууын иуӕгӕй фылдӕр.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 192 хӕдтӕхӕджы, 130 вертолеты, 1150 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 335 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 3459 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 489 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 1822 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 3488 иуӕджы.
Мелитополь - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.06.2022
Запорожаг областы ацӕудзӕн референдум Уӕрӕсейы скондмӕ бахизыны фӕдыл
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0