Хуссар Иры парламент бавнæлдта ног премьеры кандидатурæйы æркастмæ – спикер

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ парламенты сесси
РХИ парламенты сесси - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент райдыдта хицауады сæрдары бынатмæ кандидатурæмæ æркасты процедурæ, фехъусын кодта Sputnik закондæттæг органы спикер Тадтаты Алан.
Президент Гаглойты Алан, æртыццæджы, 8 июны, бавдыста парламентмæ Джуссойты Константины кандидатурæ хицауады сæрдары бынатмæ.
"Хуссар Ирыстоны законтæ æмæ парламенты регламентмæ гæсгæ президенты бавдыст фыццаг æрвыст цæуы законад æмæ бынæттон хæдразамынады комитетмæ, уый фæстæ йæ арвитынц алкæцы комитетмæ дæр, кæцытæ дæр хъуамæ радтой сæ уынаффæтæ ацы фарсты фæдыл", - банысан кодта Тадтаты Алан.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, знон изæр паддзахады сæргълæууæджы бавдыст арвыстой алкæцы комитетмæ дæр.
РХИ Парламент  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.06.2022
Хуссар Иры президент бавдыста парламентмӕ хицауады ног сӕрдары кандидатурӕ
"Æввахс дыууæ боны ацæудзысты комитетты рабадтытæ, бавдисдзысты сæ уынаффæтæ. Куыддæр профилон комитетмæ бацæуой, афтæ снысан кæндзыстæм президиумы рабадт. Ацы процедурæты фæстæ премьер-министры кандидатурæйы фæдыл фарст рахæсдзысты депутатон корпусы æрныхасмæ", - радзырдта спикер.
Тадтаты Алан ма банысан кодта, парламентæн бар кæй ис дыууæ хатт аиуварс кæнын президентæй бавдисгæ кандидатурæ. Кæд афтæ æрцæуа, уæд президент æртыккаг хатт хъуамæ бавдиса æндæр кандидаты.
"Кæд парламент ацы кандидатурæ дæр аиуварс кæна, уæд президентæн бар ис суæгъд кæнын парламент", - бафтыдта спикер.
Парламенты регламенты дзырдæуы, зæгъгæ, президент нысан кæны хицауады сæрдары йæ барамындæй, кæд æмæ парламент æртæ хатт аиуварс кæна бавдисгæ кандидатурæтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0