Хуссар Иры парламент майрæмбоны æркæсдзæн республикæйы премьеры бынатмæ кандидатурæмæ

© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент майрæмбоны ауадздзæн рабадт, кæцыйыл нывæнды æркæсын Джуссойты Константины кандидатурæмæ хицауады сæрдары бынатмæ.
Президент Гаглойты Алан 8 июны бавдыста парламентмæ Джуссойты Константины кандидатурæ хицауады сæрдары бынатмæ. Закондæттæг органы цæуы æрмæдзых кæныны процедурæ, сæ хатдзæгтæ хъуамæ радтой алы комитет дæр.
Гасситы Петр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.06.2022
Хуссар Иры хицауады ног сæрдары кандидатурæмæ депутаттæ ницы фаутæ æрхастой – вице-спикер
Майрæмбоны ма парламент æркæсдзæн Багаты Магомеды генералон прокуроры бынатæй ссæрибар кæнын фарстмæ. Амæйразмæ уый йæхæдæг ныффыста куырдиат йæ отставкæйы фæдыл.
Ноджы ма иу фарст баст у Централон æвзарæн къамисы уæнг Кокойты Тимуры ссæрибар кæнынимæ, кæцы уый размæ фехъусын кодта, кæй фæнд кæны къамисы скондæй рахизын.
Боны фæткы цалдæр фарсты баст уыдзысты Национ банчы архайдимæ, депутаттæ ма æркæсдзысты зынгсирвæзтон æдасдзинады фæдыл законмæ ивындзинæдтæм.
Ног хабӕртты лентӕ
0