Хуссар Иры парламент сразы Джуссойты Константины кандидатурӕйыл хицауады сӕрдары бынатмӕ

© Sputnik / Мария СанакоеваХуссар Иры парламент сразы Джуссойты Константины кандидатурӕйыл хицауады сӕрдары бынатмӕ
Хуссар Иры парламент сразы Джуссойты Константины кандидатурӕйыл хицауады сӕрдары бынатмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны парламент хорзыл банымадта президенты бавдисгӕ Джуссойты Константины кандидатурӕ республикӕйы хицауады сӕрдары бынатмӕ.
Президент Гаглойты Алан 8 июны бавдыста парламентмӕ Джуссойты Константины кандидатурӕ премьер-министры бынатмӕ. Закондӕттӕг органы комитетты ӕркастысты ацы фарстмӕ, уыдон радтой сӕ хатдзӕгтӕ.
Хъӕлӕсӕппӕрсты размӕ депутатты раз раныхас кодта президент Гаглойты Алан. Уый банысан кодта, фыццаг хатт кӕй исы хайад парламенты сессийы бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы бынаты.
"Мӕн фӕнды, цӕмӕй хицауады закондӕттӕг ӕмӕ ӕххӕстгӕнӕг къабӕзты хсӕн ахастытӕ рахизой ӕмбӕлон уагмӕ", - бахахх кодта Гаглойты Алан.
Боны фӕткмӕ рахизгӕйӕ, президент банысан кодта, Джуссойты Константин кӕй у йӕ хъуыддаджы иттӕг хорз профессионал ӕмӕ хицауады сӕрдары бынатмӕ аккаг кандидатурӕ.
Гаглойты Алан бузныг загъта ӕппӕт фракцитӕн дӕр сӕ куысты тыххӕй ӕмӕ равдыста ныфс дарддӕры фӕстиуӕгджын куысты фӕдыл.
"Депутаттӕ хъуамӕ ӕххуыс кӕной махӕн адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕныны тыххӕй фарстытӕ скъуыддзаг кӕнынӕн. Кӕддӕриддӕр дӕр цӕттӕ диалогмӕ", - загъта уый.
Джуссойты Константин йӕхӕдӕг радзырдта депутаттӕн йӕ программӕйы тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, фыццаг рады йӕм кӕй уыдзысты социалон сферӕ ӕмӕ программӕтӕ, кӕцыты нысан у республикӕйы экономикӕйы райрӕзт.
"Ныры этапы Хуссар Иры экономикӕйы райрӕзты сӕйран ныаниуӕг ис агросӕудӕджерадон комплексӕн. Уый у бӕстӕйы размӕцыдӕн иууыл фӕстиуӕгджындӕр амал", - загъта Джуссойты Константин.
Уымӕй дарддӕр ма, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕуы хъусдард аздахын ӕнӕниздзина хъахъхъӕнынад ӕмӕ медицинӕмӕмӕ, афтӕ ма бинонты институт сфидар кӕныны ӕмӕ демографийы фарстытӕм.
© Sputnik / Мария СанакоеваРХИ парламенты сесси
Сессия парламента РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.06.2022
РХИ парламенты сесси
Фидӕны премьер ма йӕ хъусдард аздӕхта мадӕлон ӕвзаг раразмӕ кӕныны фарстмӕ, хорз ахуырад райсын ӕмӕ национ культурӕ сӕндидзын кӕнынмӕ.
Сусӕг хъӕлӕсӕппӕрсты фӕстиуӕгӕн Джуссойты Константины кандидатурӕйы фарс балӕууыдысты сессийы хайадисӕг 33 парламентарийы.
Хицауады сӕргълӕууӕджы кандидатурӕ сфидар кӕныны процедурӕ кӕронмӕ бахӕццӕ уыдзӕн президенты барамынды фӕстӕ.
Биографион справкӕ:
Джуссойты Константин райгуырд 1967 азы 23 ноябры.
1989 азы каст фӕцис ГПИ цхинвайлаг филиал, райста дӕсниад "Технология металлорежущих станков и инструментов".
1993 - 2011 ӕзты – арӕзтадон компани "Приличный"-ы генералон директор.
2011 азӕй абоны онг –арӕзтадон компании "Мегаполис"-ы генералон директор.
Ис ын ӕмкъай ӕмӕ иу чызг.
Ног хабӕртты лентӕ
0