Референдум, дывæр æмбæстагад æмæ æндæртæ: цæуыл дзырдтой Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы депутаттæ

© Sputnik / Natalia Airiyan Дриаты Заза
Дриаты Заза - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 май – Sputnik, Гæбæраты Элина. Актуалон фарстытыл, кæцытæм æркастысты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæнпарламентон æмгуыстады фæдыл къамисы рабадтыл, куыст цæудзæн, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны парламенты æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон басдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Дриаты Заза.
Уæрæсейы Федерацийы Советы æмæ Хуссар Ирыстоны парламенты хсæн æмгуыстады фæдыл къамисы рабадт ацыд Мæскуыйы. Дыууæ бæстæйы парламентаритæ æрдзырдтой фарстытыл, кæцытæ лæууынц Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад æмæ цæрджыты раз.
Сергей Цеков - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.05.2022
Хъырымæй сенатор радзырдта УФ Федерацийы Совет æмæ Хуссар Иры парламенты фембæлды тыххæй
"Махæн ацыд фембæлд Федерацийы Советы комитеты сæрдар Григорий Карасинимæ. Ацы фембæлд нын сорганизаци кодта Сергей Цеков. Мах æрдзырдтам цаутыл, кæцытæ цæуынц дунейы. Григорий Карасины цымыдис кодта референдумы фарст. Уый банысан кодта, уæрæсейаг фарсæн кæй ис æнгом контакттæ Хуссар Ирыстонимæ, республикæйы къухдариуæгадимæ, президент Гаглойты Аланимæ æмæ уагъд цæуынц консультацитæ ацы темæйы фæдыл", - фехъусын кодта парламентарий.
Дриаты Зазайы ныхæстæм гæсгæ, æхсæнпарламентон æмгуыстады фæдыл къамисы рабадты темæ уыдысты фарстытæ, кæцытæ баст сты уæрæсейаг специалистты æрхуындимæ, дывæр æмбæстагад æмæ медицинон ифтонгады фарстытæ.
"Мæ доклады æз радзырдтой, 2019 азæй фæстæмæ фарсытæ кæй бафыстой 30 бадзырдæй фылдæр. Се хсæн гæнæн ис рахицæн кæнын æртæ сæйраг: барадхъахъхъæнæг органтæн информацион æххуысы фæдыл, гоймæгты æнæкуыстхъомдзинад, кæцыты ацух кодтой тыхон структурæтæй, æмæ дывæр æмбæстагады фæдыл. Ацы фарст нæ тынг цымыдис кодта автотранспорты æрбаластимæ проблемæты тыххæй" – банысан кодта Дриаты Заза.
Уый ма бахахх кодта, фæстаг фарсты фæдыл доклад кæй бацæттæ кодта депутат Æлборты Алан, кæцы лæмбынæгæй радзырдта хæдтулгæты æрбаласты проблемæтыл.
Девушка демонстрирует российский паспорт на стойке регистрации в международном аэропорту Казань. Архивное фото  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.05.2022
Дывӕр ӕмбӕстагады бадзырд фадат ратдзӕн Хуссар Иры цӕрджытӕн уӕрӕсейаг ӕмбӕстагад райсынӕн
Афтæ ма Мæскуыйы ацыд Дриаты Зазайы фембæлд УФ фæллойады министры хæдивæг Андрей Пудовимæ.

"Мах æрдзырдтам уæрæсейаг специалистты Хуссар Ирыстонмæ æрбаздахыны фарстыл. Уый фæдыл дзы фæзыны проблемæ стажимæ. Уый фесæфы специалисттæн республикæйы территорийыл кусыны рæстæджы – уыдон фидынц пенсион фиддонтæ Уæрæсемæ нæ, фæлæ РХИ Пенсион фондмæ. Пудов банхъардта, цæмæй УФ æмбæстæгтæ, кæцытæ сты фæсарæнты, иу азмæ фидой 34 мин сомы УФ Пенсион фондмæ, уæд стаж нымад цæудзæн", - загъта Дриаты Заза.

Балцы фæлгæтты ма сфидар кодтой 2022 азы дыккаг хаймæ куысты нывæзт. Къамисы уæнгтæ нывæндынц æрцæуын Цхинвалмæ октябры.
Ног хабӕртты лентӕ
0