Кусӕгон фембӕлдтӕ ӕмӕ Инвестнывӕзт: Цхинвалмӕ ӕрцӕуы УФ экономикӕйы министрады делегаци

Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстонмӕ ӕртыццӕджы ӕрцӕудзӕн Уӕрӕсейы экономикон райрӕзты министрады делегаци. Йӕ сӕргъ лӕудзӕн министрады сӕрмагонд программӕтӕ ӕмӕ проектты департаменты къухдариуӕггӕнӕг Виталий Гудин.
Дыууӕбонон балцы фӕлгӕтты уӕрӕсейаг чиновникӕн ацӕудзӕн Цхинвалы фембӕлдтӕ республикӕйы хицауады, сӕ нымӕцы министрты кабинеты сӕргълӕууӕг Джуссойты Константинимӕ дӕр.
Балцы рӕстӕджы ма бабӕрӕг кӕндзысты инвестицион нывӕзты объекттӕ дӕр - сывӕллӕтты лагерь Дзауы, уынгтӕ, цӕрӕн хӕдзӕрттӕ, донггӕрӕн арӕзтӕдтӕ Едысы хъӕуы, доны хахх Едыс - Цхинвал ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Доныхахх Едыс-Цхинвал  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.04.2022
Хуссар Иры сцалцӕг кӕндзысты магистралон доныхахх "Едыс-Цхинвал"
Уымӕй дарддӕр ма делегацийы уӕнгтӕ ӕруынаффӕ кӕндзысты хуссарирыстойнаг коллегӕтимӕ РХИ социалон-экономикон райрӕзты фӕдыл паддзахадон программӕйы реализацийы фарстытыл. Программӕ арӕзт ӕрцыд ӕввахс ӕртӕ азмӕ.
Куыстыты сӕйраг хай ацӕудзӕн республикӕйы арӕзтады министрады.
Майрӕмбоны республикӕмӕ фӕуазӕг уыдзӕн Уӕрӕсейы экономикон райрӕзты министры хӕдивӕг Дмитрий Вольвач. Уыцы бон ацӕудзӕн йӕ фембӕлд президент Гаглойты Аланимӕ.
Уымӕй дарддӕ ма Цхинвалы Вольвач ӕмӕ уӕрӕсейаг делегацийы ӕндӕр минӕвӕртты хайадисӕй ацӕудзӕн кусӕгон ӕмбырд УФ ӕмӕ РХИ хсӕн социалон-экономикон ӕмгуыстады фарстыты фӕдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0