Уæрæсейы æфсад скуынæг кодта 500 украинæйаг æфсæддоны науаразæн заводы цехты

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы уæлдæфон-космикон тыхтæ
Уæрæсейы уæлдæфон-космикон тыхтæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 июн – Sputnik. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, иу суткæмæ кæй скуынæг кодтой 500 украинæйаг æфсæддоны.
"Знаг сафы бирæ æфсæддонты. Уæрæсейы уæлдæфон-космикон тыхтæ дырыс ракетæйæ скуынæг кодтой Украинæйы Гарзджын тыхты 59-æм механикон бригадæйы 500 æфсæддоны хæцæнгарз æмæ хæстон техникæимæ, кæцытæ уыдысты Николаевы науаразæн завод "Океан"-ы цехты", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.
Афтæ ма 57-æм украинæйаг мотопехотон бригадайы батальоны æфсæддонтæ, кæцытæ æххæст кодтой хъахъхъæнынад цæрæн пункттæ Горское, Подлесоное æмæ Врубовкайы, фесæфтой сæ æфсæддонты 60 проценты бæрц æмæ барвæндонæй ныууагътой сæ позицитæ.
Сæрмагонд æфсæддон операци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.06.2022
Украинӕйы сӕрмагонд операцийы хайадисæг цæгатирыстойнаг бархионтæн фæзынд танкон дæлхайад
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 211 хӕдтӕхӕджы, 132 вертолеты, 1308 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 349 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 3733 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 594 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 2081 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 3801 иуӕджы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0