Буронмӕ хӕстӕг цъыфы зӕйты проблемӕ куыд алыг кӕнӕн ис? Экспертты хъуыды

© Sputnik / Денис Абрамов /  Ахизын медиабанкмæТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Транскавказы автомагистралы цӕрӕн пункт Буронмӕ хӕстӕг трассӕйыл дуркалд ӕмӕ цъыфы зӕйты бынат хъӕуы саразын галерейтӕ, науӕд та бӕрзонд хидтӕ. Ахӕм хъуыды раргом кодта федералон фӕндагон агентады цӕгаткавказаг управленийы эксперт Тохъазты Артур ӕмӕ ахуыргонд Игорь Васьков.
Транскамы ацы хай сӕрдыгон бонты дӕр арӕх свӕййы трассӕйы сӕхгӕды аххосаг.
"Ӕрвылаз Росавтодормӕ фыссӕм фыстӕджытӕ фотоӕрмӕгимӕ галерейы арӕзтады фӕдыл. Мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, цӕмӕй нын проектыл сразы уой. Проблемон фадыджы дӕргъ у 100 метры", - радзырдта Sputnik Тохъазты Артур.
Геологон-минералон зонӕдты доктор Игорь Васьков нымайы, ацы фӕндаджы хайы проблемӕ алыг кӕнынӕн ис цалдӕр амалы - сӕ нымӕцы канд галерей нӕ, фӕлӕ ма бӕрзонд хид дӕр.
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.06.2022
Транскам у æхгæд. Трассæ сыгъдæг кæныны куыстытæ нырма дæр цæуынц
"Гӕнӕн ис ссарын ацы проблемӕйӕн скъуыддзаг, кӕцы ис Транскамы Буронӕй Зӕрӕмӕджы хсӕн фадыджы. Хъӕуы сфидар кӕнын фӕндон ӕмӕ рахицӕн кӕнын фӕрӕзтӕ. Ӕмбӕлон структурӕтӕ зонгӕ сты, ам цы ис саразӕн, уыимӕ", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнгӕс проблемӕ лыг ӕрцыд Транскамыл.
"Цъыфы зӕй уадзӕн ис цӕугӕдон Лабӕйыл. Хидӕн йӕ бӕрзӕнд у 10 метры, йӕ дӕргъ та 15 метры, уый фӕрцы йӕ бынты сӕрибарӕй кӕлынц зӕйтӕ", - бафтыдта уый
Ног хабӕртты лентӕ
0