Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл тӕрхондоны рабадт ахастой цыппӕрӕммӕ

© Sputnik / Наталья АйриянТӕрхондон
Тӕрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы горӕты тӕрхондоны рабадт Дзабиты Иналы мӕлӕт ӕмӕ Цхуырбаты Николайы фӕнӕмыны тыххӕй аргъӕвтой цыппӕрӕммӕ. Ӕркаст хаст ӕрцыд Транскамы ӕхгӕды тыххӕй.
Дыццӕджы сӕ бон Цхинвалмӕ ӕрцӕуын не 'ссис адвокаттӕн. Скъуыддзаг хаст ӕрцыд тӕрхондоны ӕппӕт архайджыты разыдзинадӕй.
Ацы хъуыддаджы фæдыл азымджынтæй æдæппæт цæуынц авд адæймаджы, уыдонæй дыууæ – Наниты Ацæмæз æмæ Багаты Алан – сты ахæстоны. Тæрхондоны рабадтмæ æрбацыдысты Дзабиты Иналы идæдз Соттиты Оксана æмæ Цхуырбаты Николай.
2020 азы августы кæрæтты Хуссар Ирыстоны МХМ криминалон милицийы бæстыхайы æрфарстыты фæстæ амард Цхинвалы цæрæг Дзабиты Инал. Цхинвалы центры ацыдысты митингтæ, цæмæй бафхæрой йæ амæлæты аххосджынты.
Цхинвалы тæрхондон  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.05.2022
Цхинвалы тæрхондон æрфарста Дзабиты Иналы хъуыддаджы æвдисæнты
Ног хабӕртты лентӕ
0