Æфсарм, æфсæрмы æмæ нымд

Æфсарм, æфсæрмы æмæ нымд
Рафыссын
Æгъдау бирæ цыдæртæ домы адæймагæй. Уастырджыйы хуызæн лæгаулæгтæ æмæ Сатанайы хуызæн сылгоймæгтæ стæм вæййынц: алкæй къухы не ʻфты æгъдауы æп­пæт домæнтæ æххæст кæнын. Ирон æфсарм æмæ æфсæрм дæр æгъдау аразджытæй сты.
Ацы дыууæ дзырды кæддæр иу уыдысты – "фсарм". Ар­дыгæй цæуы, зæгъæм, уырыссаг "срам" дæр. "Æфсарм" æмæ "срам" сæ мидисæй хæстæгдæр сты.
Æвзаджы дзæвгар ис, сæ зæгъын худинаг кæмæн у, ахæм дзырдтæ. Уыдон æнæфсарм дзырдтæ хуыйнынц. Адæймаджы царды ис, æргомæй равдисæн кæмæн нæй, хибарæй кæй кæнынц, ахæм митæ дæр. Уыдон равдисын дæр худинаг у, æнæф­сарм митæ сæ хонынц. Æфсарм арæх нал дзурæм, стæй йæ мидисыл дæр æбæрæджы фæлм абадт. Уый хыгъд арæх у æнæфсарм: æнæфсармдзыхæй дзурын, æнæфсарм æвзаг чи зоны, æнæфсарм адæймаг дæр.
Æфсæрм кæнынмæ хæстæг у "нымд кæнын" дæр. Уый амоны исты æфсæрмаг хъуыддаг æвæджиау стыр къæмдзæстыгæй кæнын. Ивгъуыд дуджы фæстаг заманты нымд сылгоймæгтыл фидыдта тынгдæр.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0