Хуссар Иры Юстицийы министр æрдзырдта æмгуыстады фарстытыл УФ сæйраг приставимæ

© Пресс-служба Минюста РЮОХуссар Иры Юстицийы министр æрдзырдта æмгуыстады фарстытыл УФ сæйраг приставимæ
Хуссар Иры Юстицийы министр æрдзырдта æмгуыстады фарстытыл УФ сæйраг приставимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны юстицийы министр Гаглойты Олег фембæлд Х Петербургаг æхсæнадæмон юридикон форумы фæзуатыл Уæрæсейы Тæрхондоны приставты Федералон службæйы директор Дмитрий Аристовимæ. Уый тыххæй хъусын кæны Хуссар Ирыстоны юстицийы министрады пресс-службæ.
Нысангонд æрцыд, фарсытæ кæй æрдзырдтой архайды сæйраг здæхтыты æмархайды фарстытыл, афтæ ма Хуссар Ирыстоны Тæрхондоны приставты службæйы рахизтæн службæйы æндæр хуызмæ методологон æххуыс бакæныныл.
"Хуссар Ирыстоны азы райдайæны райстæуыд закон "Об органе принудительного исполнения Республики Южная Осетия" æмæ "О службе в органе принудительного исполнения Республики Южная Осетия", кæцытæм гæсгæ Тæрхондоны приставты службæ хизы паддзахадон граждайнаг службæйы æндæр хуызмæ, уый та хауы барадхъахъхъæнæг къабазмæ. Уый фæдыл уæрæсейаг фарс методологон æххуыс бакæндзæн ахæм реформæйы реализацийæн" – банысан кодтой юстицийы министрады.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, ацы фарстыл дарддæры куыст æмæ æмархайды фæдыл Гаглойты Олег фæхуыдта УФ сæйраг пристав Дмитрий Аристовы Хуссар Ирыстонмæ.
2022 азы форум йӕ куыст райдыдта 29 июны, архайы дзы 5400 адӕймаджы дунейы 95 бӕстӕйӕ. Пандемийы фӕстӕ фыццаг хатт цӕуы ахӕм форматы.
© Пресс-служба Минюста РЮОХуссар Иры Юстицийы министр æрдзырдта æмгуыстады фарстытыл УФ сæйраг приставимæ
Встреча министра юстиции РЮО главным судебным приставом РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.07.2022
Хуссар Иры Юстицийы министр æрдзырдта æмгуыстады фарстытыл УФ сæйраг приставимæ
Ног хабӕртты лентӕ
0