Президент ссæрибар кодта сæ бынæттæй Хуссар Иры мидхъуыддæгты министры æртæ хæдивæджы

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ссæрибар кодта сæ бынæттæй республикæйы мидхъуыддæгтты министры æртæ хæдивæджы, барамындтæ мыхуыргонд æрцыдысты паддзахады сæргълæууæджы майрæмбоны.
Президент ссæрибар кодта йæ бынатæй министры фыццаг хæдивæг – МХМ криминалон милицийы хистæр, инæлар-майор Тыджыты Геннадийы.
Афтæ ма ссæрибар кодтой министры хæдивæджы бынатæй МХМ штабы хистæр, инæлар майор Кокойты Тарзаны.
Æртыккаг барамындæй Гаглойты Алан ссæрибар кодта министры хæдивæджы бынатæй МХМ кадрты дæлхайды хистæр, инæлар-майор Дзабиты Æхсары.
Раздæр хъусын кодтой, Гаглойты Алан июны кæй снысан кодта республикæйы мидхъуыддæгты министрæй Гæззаты Валерийы. Уый размæ уагдоны разамонæджы хæстæ æххæст кодта Пухаты Мераб.
Хуссар Иры президент снысан кодта Мидхъуыддӕгты министрады ног сӕргълӕууӕджы (галиуварс дыккаг) - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2022
Хуссар Иры президент снысан кодта Мидхъуыддӕгты министрады ног сӕргълӕууӕджы
Ног хабӕртты лентӕ
0