Хуссар Иры цалдӕр хъӕу тыхсынц уазӕг арсӕй

© Sputnik / РИА НовостиАрс
Арс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.07.2022
Рафыссын
Хъӕды хицау фӕуазӕг вӕййы Гром ӕмӕ Чъециагмӕ, фенынц ӕй Итраписы трассӕгӕрон
ЦХИНВАЛ, 4 июл– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны хъӕутӕм фӕстаг рӕстӕджы арӕх фӕуазӕг вӕййынц ӕрсытӕ. Хъӕды хицӕуттӕ ӕрцӕуынц хъӕутӕм ӕмӕ бааходӕн кӕнынц дыргътӕй, хӕдзарон хӕлӕттаг фӕкӕнынц, науӕд та трассӕгӕрон фӕлгӕсынц.
Хуссар Ирыстоны хъӕумӕ арсы ӕцыд уадиссаджы нахуыр цау нӕу, фӕлӕ сырды ӕдзухон рейстӕ хъӕуы цӕрджыты тыхсын кӕнынц.
Фӕстаг рӕстӕджы Громы хъӕумӕ арс ӕд лӕппынтӕ цӕуы ӕрвылӕхсӕв. Хъӕуы администрацийы хистӕр Къусраты Ремзикы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон сты уазӕгуарзаг, фӕлӕ арсы рцыдӕй тыхсынц.

"Фӕстаг къуыри арс ӕд лӕппынтӕ, чи сӕ дыууӕ хоны, чи та ӕртӕ, ӕрцӕуы ӕрвылӕхсӕв. Схизы бал ӕмӕ тутайыл ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕры, бӕлас дӕр ныцъцъӕл кӕны, мӕнӕн мӕхи бал дӕр бахордта", - дзуры уый.

Хъӕуы хицауы ныхӕстӕм гӕсгӕ, дыргътӕн ницы, уый адыл нӕ куы ныууадзид.
"Дыргъты мӕт нӕ нӕй, фӕлӕ уыдон минас куы фӕуа, уӕд фос ӕмӕ адӕммӕ куы рахиза", - бахахх кодта уый.
Арсы лæппынæн иунæгæй аивæрзæн нæй - Екатерина Пажетнова - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.04.2022
Арсы лæппынæн иунæгæй аивæрзæн нæй - Екатерина Пажетнова
Уымӕй размӕ арс ӕруад Знауыры районы Ӕлыгуаты ( Чъециаг) хъӕумӕ дӕр. Уый бахъавыд хъӕуы цӕрӕджы дзӕргъмӕ, хуы тугкалӕйӕ аирвӕзт.
"Куыйтӕ йӕ базыдтой, стӕй уӕдмӕ фӕсивӕд дӕр рафӕдис кодтой ӕмӕ сырд алыгъд. Йӕ фӕдтӕ ма йын федтам. Хуы тугкалгӕ хъӕдмӕ азгъордта ӕмӕ йӕ бирӕгътӕ бахордтой. Хуыцауы фӕрцы нӕм нал рцыд уый фӕстӕ", - дзуры хъӕуы цӕрӕг Алан.
Хъӕды хицау ӕрмӕст ӕнафоны нӕ цӕуы хъӕутӕм, ӕрӕджы уый ӕд лӕппынтӕ Итраписмӕ хӕстӕг фӕндаггӕрон тезгьойы рӕстӕг систой видеойӕ дӕр.
Фӕстаг рӕстӕджы ӕрсыты ӕдзӕсгом цыды тыххӕй Тверы областы ӕрсыты лӕппынты ирвӕзынгӕнӕг центры Sputnik бамбарын кодтой, арс быдырмӕ нӕ хизы.
"Раздӕр хъӕуты алыварс уыд быдыртӕ ӕмӕ сырд хъӕдӕй нӕ хызт. Ныр быдыртӕ кӕй схъӕд сты, уымӕ гӕсгӕ ӕрсыты уый нал хъыг дары", - загъта центры кусӕг Екатерина Пажетнова.
Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ма сырд гӕнӕн ис цӕуа хӕрды фӕдыл.
"Уымӕн хӕрд ныууадзынц, науӕд ссардта бырондон, хӕрд. Вӕййы ма афтӕ ӕмӕ йӕ раздӕры бынатӕй расуры тыхджындӕр арс", - бафтыдта уый.
Специалист ма фӕдзӕхсы, лӕппынджын арс тӕссаг кӕй у адӕмӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0