Хуссар Иры хъахъхъæнынады министрад кусы фæмардуæвæг æфсæддонтæн фиддонтæ снысан кæныныл

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæÆхцайы фæрæзтæ
Æхцайы фæрæзтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад республикæйы президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ кусы æфсæддонты бинонтæн иухаттон фиддонтæ снысан кæныны фарстыл, кæцытæ фæмард сты сæ хæстæ æххæстгæнгæйæ хæстон архæйдтыты рæстæджы, хъусын кæны æртыццæджы уагдоны пресс-службæ.
Министрады куыд банысан кодтой, афтæмæй иухаттон фиддонтæ æфсæддоны амæлæты фæдыл фыст сты "Æфсæддоны статусы фæдыл" законы, фæлæ ацы нысæнттæн æхцайы фæрæзтæ нæ хицæн кодтой.
Афтæ ма пресс-службæйы бахахх кодтой, Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Владимир радта фæдзæхст, цæмæй саразой фæмардуæвæг æфсæддонты номхыгъд æмæ сбæлвырд кæной æхцайы суммæ, кæцы хъæуы фиддонтæн.
Хъахъхъæнынады министрады бафтыдтой, зæгъгæ, президенты скъуыддзагæй хæдзæрттыл, цы ран цардысты Фыдыбæстæйы фæмардуæвæг хъахъхъæнджытæ, сæвæрдзысты мемориалон фæйнæджытæ. Ацы фæдзæхст дæр радтой хъахъхъæнынадон уагдоны разамонæгæн.
Абхазы бакодтой мемориалон фæйнæджытæ хуссарирыстойнаг фæмардуæвæг бархионтæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.07.2022
Абхазы бакодтой мемориалон фæйнæджытæ хуссарирыстойнаг фæмардуæвæг бархионтæн
Ног хабӕртты лентӕ
0