Уæрæсейы æфсæдтæ иу суткæмæ скуынæг кодтой Украинæйы фæткдаруаты æхсæз пункты

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæАвиацион ракетæ
Авиацион ракетæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 июл – Sputnik. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой Украинæйы фæткдаруаты æхсæз пункты скуынæг кæныны тыххæй иу суткæмæ.
"Уæрæсейы уæлдæфон-космикон тыхтæ иу суткæмæ скуынæг кодтой фæткдаруаты æхсæз пункты, сæ нымæцы "Юг" æфсæдты оперативон къорды, 79-æм десантон-штурмон æмæ 57-æм механизацигонд бригадæты фæткдаруаты пункттæ Баштанка, Николаев æмæ Соледары районы", - загътой уагдоны.
Афтæ ма, уæрæсейаг авиаци скуынæг кодта хæстæрмæджытæ æмæ хæцæнгарзы æхсæз æфтауцы цæрæн пункттæ Баштановка, Ивано-Дарьевка, Зайцево, Звановка, Артемовск æмæ Харьковы районы, афтæ ма Украинæйы Гарзджын тыхты удæгас тыхтæ æмæ æфсæддон техникæ 27 районы, банысан кодтой министрады.
Николаевы областы Широколановкайы районы иттæг дырыс ракетæтæй скуынæг кодтой радиолокацион станц, афтæ ма фæсарæйнаг æххуырст æфсæддонты рæстæгмæ дислокацийы пункт Николаевы областы Лиманыйы районы.
 Уæрæсейаг æфсæддонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.07.2022
Украинæйы сæрмагонд операци балхынцъ уыдзæн æппæт хæслæвæрдтæ сæххæст кæнынæй – Шойгу
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 232 хӕдтӕхӕджы, 137 вертолеты, 1462 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 353 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 3915 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 720 хӕстон машинӕйы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3096 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 4043 иуӕджы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0