Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл Цхинвалы тӕрхондон бафарста зианбаййафджыты

© Sputnik / Наталья АйриянВерховный Суд Южной Осетии
Верховный Суд Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цыппӕрӕмы горӕт Цхинвалы тӕрхондоны рабадты бафарстой Дзабиты Иналы хъуыддаджы зианбаййафджыты - Дзабиты Иналы ӕмкъай Соттиты Оксана, Цхуырбаты Николай ӕмӕ Хъуылымбегты Герсаны.
Уымӕй размӕ тӕрхондоны рабадтытӕ дыууӕ хатты рцыдысты иргъӕвд, сӕ аххосаг уыд Транскамы тобӕгонд кӕй уыд фӕндагон змӕлд ӕмӕ тӕрхондоны архайджытӕ процессмӕ кӕй не 'рбцыдысты.
Цхинвалы тæрхондон  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.05.2022
Цхинвалы тæрхондон æрфарста Дзабиты Иналы хъуыддаджы æвдисæнты
Абон рабадт ахаста цыппар сахаты, ӕртӕ зианбаййафӕджы бафарстӕй дарддӕр ма тӕрхондоны рабадты рӕстӕджы ӕркастысты ахстуӕвӕг Наниты Ацӕмӕз ӕмӕ Багаты Аланы ахсты ӕмгъуыд адарддӕр кӕнынмӕ. Адвокаттӕ домдтой, цӕмӕй сын сӕ ахӕст раивой хӕдзаронмӕ, фӕлӕ тӕрхондон аскъуыддзаг кодта адарддӕр кӕнын ахӕст дыууӕ мӕйы ӕмгъуыдмӕ.
Рабадты рӕстӕджы зианбаййаджыты бафарсты руаджы сног кодтой дыууӕ азы размӕ 23-28 августмӕ цаутӕ. Ацы ӕмгъуыд ӕртӕ лӕппу барадхъахъхъӕнӕг органты къухы баййӕфтой карз ӕфхӕрд, цӕй фӕстиуӕгӕн Дзабиты Инал амард, Цхуырбаты Николай та бахауд Знауыры районы рынчындонмӕ.
Цхинвалы тӕрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.09.2021
Цхинвалы тӕрхондон раздӕхта прокуратурӕмӕ Дзабиты Иналы мӕлӕты фӕдыл хъуыддаг
Дзабиты Иналы мӕлӕт ӕмӕ Цхыуырбаты Николайы фӕнӕмыны хъуыддаг сгары горӕт Цхинвалы тӕрхондоны сконд Тыбылты Иналы сӕргълӕудӕй. Йе сконды ма сты Кокойты Оксана ӕмӕ Брыкалова Мӕдинӕ.
Ацы хъуыддаджы фæдыл азымджынтæй æдæппæт цæуынц авд адæймаджы, уыдонæй дыууæ – Наниты Ацæмæз æмæ Багаты Алан – сты ахæстоны.
2020 азы августы кæрæтты Хуссар Ирыстоны МХМ криминалон милицийы бæстыхайы æрфарстыты фæстæ амард Цхинвалы цæрæг Дзабиты Инал. Цхинвалы центры ацыдысты митингтæ, цæмæй бафхæрой йæ амæлæты аххосджынты
Ног хабӕртты лентӕ
0