Хуссар Иры дон фæласта Къозы хъæумæ фæндаг

© Sputnik / Михаил ХасиевДзауы район
Дзауы район - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 июл – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Къозы хъæумæ цыппæрæм бон нæй фæндагон бастдзинад. Горæт Къуаисайы сæргълæууæг Хуыгаты Алан куыд радзырдта Sputnik, афтæмæй фæндаг сæхгæдтой цъыфы зæйтæ.
"Цъыфы зæйтæ фехæлдтой фæндаг, афтæ ма цæугæдон фæласта донбылгæрон хахх цалдæр бынаты. Нæхи техникæ, кæцы хъæуы куыстытæн, махмæ нæй. Æнхъæлмæ кæсæм, фæндагон службæтæ нын цæлхытимæ экскаваторимæ куы баххуыс кæной, уымæ", - банысан кодта Хуыгаты Алан.
Уый бахахх кодта, кæй нæй фæндаг Къозы цадмæ дæр, республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæн фадат нæй бацæуæн улæфæн бынатмæ.
"Сидæм нырма ма аразын балцытæ Къозмæ. Æввахс рæстæджы мах сцалцæг кæндзыстæм фæндаг, æмæ не ‘мбæстæгтæн фадат уыдзæн æнæ цæлхдуртæй цæуын цадмæ", - фехъусын кодта Къуаисайы разамонæг.
Хуссар Иры æфсæддонтæ сарæзтой хид Згъуыбиры хъæуы цур - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.07.2022
Хуссар Иры æфсæддонтæ сарæзтой хид Згъуыбиры хъæуы цур
Хуссар Ирыстоны тæрккъæвдатæ июны кæрæтты æрхастой стыр зиан республикæйы районтæн. Цæрæн пункт Къозмæ дон фæласта фæндаг. Горæт Къуаисайы æппæт техникæ архайдта фæндагон бастдзинад сцалцæг кæныны хъуыддаджы. Дзауы районы уымæй дарддæр фæласта хидтæ Згъуыбиры хъæуы, фæндæгтæ Чеселт, Цъыру æмæ Дзауы. Бынæттон æмæ республикон хицауад иуварс кæнынц æрдзон бæллæхы фæстиуджытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0