Уæрæсейы æфсад не ‘руагъта Змеиный сакъадахмæ украинæйаг тырысайы символикон æрбаласт

CC BY-SA 4.0 / Фотонак / Змеиный сакъадах
Змеиный сакъадах - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 июл — Sputnik. Украинæйаг къухдариуæгад 7 июлы æхсæвы бафæлвардтой æрбаласын сæ тырыса Змеиный сакъадахмæ. Уæрæсейы уæлдæфон-космикон æфсады хæдтæхæг уайтагъд фехста иттæг дырыс ракетæйæ сакъадах. Уый фæстиуæгæн украинæйаг æфсæддонты хай скуынæг ис, аннæтæ та алыгъдысты. Уый тыххæй цыппæрæмы фехъусын кодта УФ хъахъхъæнынады министрад.
Афтæ ма Уæрæсейы æфсад иттæг дырыс хæцæнгарзæй иу суткæмæ скуынæг кодта фæткдаруаты æхсæз пункты, хæстæрмæджыты æртæ æфтауцы, удæгас тыхтæ æмæ знаджы техникæ 14 районы, сæ нымæцы фæсарæйнаг æххуырст æфсæддонты дислокацийы пункт Николаевы областы Посад-Покровскийы æмæ Украинæйы Гарзджын тыхты дæлхайæдты цæттæкæнынады центр Очаковы районы.
Авиацион ракетæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.07.2022
Уæрæсейы æфсæдтæ иу суткæмæ скуынæг кодтой Украинæйы фæткдаруаты æхсæз пункты
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 234 хӕдтӕхӕджы, 137 вертолеты, 1479 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 353 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 3935 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 724 хӕстон машинӕйы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3102 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 4064 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0