Гæнæн нæй, фæлæ дзы найынц: Цхинвалы бафснайдтой горæты цад

© Sputnik / Natalia Airiyan Городское озеро
Городское озеро - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Горӕты разамынад бафснайдта горæты цад найӕн сезонмӕ, хъусын кæны горӕты администрацийы пресс-службӕйы.

"Горæты администрацийы хæрзарæстады управлени бафснайдта горæты цады территори. Цагды бын ссыгъдæг кодтой быронæй æмæ уый фæстæ бауагътой дон. Йæ алфæмбылай дæр æмбæлон уагмæ æркодтой", - загътой пресс-службӕйы.

Кӕд санитарон службӕтӕ ӕрвылаз фӕдзӕхсынц доны ӕвзӕр гъӕдӕй, уӕддӕр уый улӕфджыты нӕ уромы найынӕй.
"Ис дзы фæдзæхсты нысæнтæ, кæй нæй гæнæн найын, фæлæ уый адæмы нæ уромы æмæ уый тыххæй дзы кусы ирвæзынгæнæг службæйы радгæсонтæ цады цур", - бафтыдтой уым.
Городское озеро - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.05.2022
Цхинвалы цад цӕттӕ кӕнынц найӕн сезонмӕ
Горӕты цад у адӕмы уарзон улӕфӕн бынат, ам ис сывӕллӕтты фӕзуат, тренажертӕ, хистӕр кары адӕм сӕ фӕллад фӕуадзынц йӕ алыварс цы бӕлӕстӕ ис, уыдон аууоны. Сӕрдыгон ӕндӕфы доны цур вӕййы сатӕг уӕлдӕф.
Ног хабӕртты лентӕ
0