Цхинвалы тӕрхондон аргъӕвта Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл рабадт

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ Уæлдæр тæрхондон
РХИ Уæлдæр тæрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл тӕрхондоны рабадт аргъӕвтой, дӕлтӕрхоны адвокат кӕй не 'рбацыд, уый аххосӕй. Мадзалы архайджыты фылдӕр бӕрц уыдысты рабадт ауадзыны фарс, фӕлӕ дӕлтӕрхон Наниты Ацӕмӕз разы нӕ уыд.
"Наниты Ацӕмӕз азымджын цӕуы уӕззау фыдракӕнды, уымӕ гӕсгӕ махӕн бар нӕй, цӕмӕй ӕнӕ йӕ адвокатӕй ӕркӕсӕм хъуыддагмӕ", - загъта тӕрхонгӕнӕг Тыбылты Инал.
Верховный Суд Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.07.2022
Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл Цхинвалы тӕрхондон бафарста зианбаййафджыты
Тӕрхондоны ӕркасты райдайӕны ма фехъусын кодтой, Цхинвалы тӕрхондонмӕ кӕй ӕрбацыд куырдиат Дзабиты Иналы идӕдз Соттиты Оксанайӕ, цӕмӕй хъуыддаг аздахой сгарынмӕ.
"Тӕрхондоны рабадт ӕмӕ ӕвдисӕнты бафарсты фӕстӕ бӕлвырд не сты Дзабиты Иналы мӕлӕты рӕстӕг ӕмӕ бынат. Уый у сгӕрсты ахадгӕ фӕткхалд. Иутӕ дзурынц, уый кӕй амад рынчындоны, тагъд ӕххуысы медиктӕ та мӕлӕт сбӕлвырд кодтой Криминалон милицӕйы. Мах бадӕттам куырдиат ног сгӕрсты тыххӕй ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм тӕрхоны скъуыддзагмӕ", - загъта Sputnik Соттиты Оксана.
2020 азы августы кæрæтты Хуссар Ирыстоны МХМ криминалон милицийы бæстыхайы æрфарстыты фæстæ амард Цхинвалы цæрæг Дзабиты Инал. Цхинвалы центры ацыдысты митингтæ, цæмæй бафхæрой йæ амæлæты аххосджынты.
Ног хабӕртты лентӕ
0