Юбилейон "Сушка": Цхинвалы Фидауынгӕнӕджы бон байгом ис къамты равдыст

© Sputnik / Элина ГабараеваЮбилейон "Сушка": Цхинвалы Фидауынгӕнӕджы бон байгом ис къамты равдыст
Юбилейон Сушка: Цхинвалы Фидауынгӕнӕджы бон байгом ис къамты равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 июл – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны сӕйраг горӕты цыппӕрӕмы фӕндзӕм хатт байгом ис къамты равдыст "Сушка". Ацы аз мадзал ӕрӕмных кодтой республикæмæ Æмхæццæ тыхты баконды 30 афæдзы бонмæ æмæ йæ схуыдтой "Мир вашему дому".
© Sputnik / Элина ГабараеваЮбилейон "Сушка": Цхинвалы Фидауынгӕнӕджы бон байгом ис къамты равдыст
Фотовыставка Сушка в Цхинвале  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.07.2022
Юбилейон "Сушка": Цхинвалы Фидауынгӕнӕджы бон байгом ис къамты равдыст
Къостайы скверы Цхинвалы центры алыгъуызон тематикæйæ дæсгай къамтæ бафидар кодтой бæндæнтæм прищепкæтæй. Уымæй дарддæр ма цæрджытæн дæр ис фадат, цæмæй æрбахæссой сæхи ист къамтæ æмæ сæ æрцауындзой уый "сур кæнынмæ".
"Равдыст сахаты размæ байгом, уымæ гæсгæ нæм нырма бирæ адæм нæ фæуазæг сты. Мадзал цавæрдæр темæтыл нæу баст, тобæ æвæрд ис æрмæстдæр тыхми æмæ бæгънæгдзинадыл", - загъта Спорт æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты пресс-службæйы хистæр Элла Авагимова.
"Фотосушкæйы" уазджытæ дæр радзырдтой се 'нкъарæнтæ равæрдгонд къамтæй.
© Sputnik / Элина ГабараеваЮбилейон "Сушка": Цхинвалы Фидауынгӕнӕджы бон байгом ис къамты равдыст
Фотовыставка Сушка в Цхинвале  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.07.2022
Юбилейон "Сушка": Цхинвалы Фидауынгӕнӕджы бон байгом ис къамты равдыст
Уымæй дарддæр ма столицæйы цæрджытæн сæ бон у куыд æрбахæссын, афтæ ма сæхицæн ахæссын чингуытæ дæр.
"Къамтæ сты цымыдисон - базыдтон зонгæ къамисджыты къухайст. Абон ма мæн фæцис Джордж Оруэлы диссаджы хорз чиныг дæр. Бузныг дæр организатортæй. Хорз уаид чингуыты егъау армукъатæ уадзын", - бафиппайдта Цхинвалы цæрæг Ирина.
Мадзалмæ æрбацæуджытæн фадат ис, цæмæй сæхицæн ахæссой, сæ зæрдæмæ иууыл тынгдæр цы къам фæцыд, уый.
© Sputnik / Элина ГабараеваЮбилейон "Сушка": Цхинвалы Фидауынгӕнӕджы бон байгом ис къамты равдыст
Фотовыставка Сушка в Цхинвале  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.07.2022
Юбилейон "Сушка": Цхинвалы Фидауынгӕнӕджы бон байгом ис къамты равдыст
Организаторты ныхæстæм гæсгæ, къамты иу хай ратдзысты хъахъхъæнынады министрадæн, цæмæй сæ байуарой ветерантæн-фидауынгæнджытæн.
Хуссар Ирыстоны цыппӕрӕмы нысан кӕнынц Фидауынгӕнӕджы бон - 30 азы размӕ ӕмхӕццӕ тыхтӕ баконд ӕрцыдысты республикӕмӕ Сочийы бадзырды бындурыл.
Æмхæццæ тыхтæ баконд æрцыдысты хъаугъайы зонæмæ 1992 азы 14 июлы, Сочийаг бадзырдты бындурыл. Се `сконды уыд æртæ батальоны: Уæрæсейæ, Цæгат Ирыстонæй æмæ Гуырдзыстонæй. Фидауынгæнджытæ сæ мисси æххæст кодтой 2008 азы онг.
2008 азы Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ куы æрбабырста, уæд фыццаг цæф сæхимæ райстой уæрæсейаг фидауынгæнджытæ. Уыцы агрессийы дзуаппæн Уæрæсе аскъуыддзаг кодта агрессоры сабырадмæ тыхæй æркæныны операци ауадзын. Фондз боны карз тохты фæстæ гуырдзиаг æфсадыл ахæцыдысты республикæйæ æддæмæ.
Плиты Инал: фидауынгӕнӕн тыхтӕ ӕрурӕдтой ирон адӕмы геноцид - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.07.2022
Плиты Инал: 30 азы размӕ фидауынгӕнӕг тыхтӕ ӕрурӕдтой ирон адӕмы геноцид
Ног хабӕртты лентӕ
0