Хуссар Иры Уæлдæр тæрхондон сраст кодта МХМ хистæры амарынмæ бахъавыны зæрдæхсайгæты

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ Уæлдæр тæрхондон
РХИ Уæлдæр тæрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондоны æрлæууын кодта уголовон хъуыддаг дзӕнӕттаг Дзабиты Инал ӕмӕ Цхуырбаты Николайы ныхмæ. Тæрхондон ма аскъуыддзаг кодта Мидхъуыддӕгты министрады раздӕры хистӕр Наниты Игоры амарынмæ бахъавыны хъуыддаг фæстæмæ аздахын Генералон прокуратурамæ.
Уыимæ иумæ тæрхондон сбæлвырд кодта Дзабиты Инал ӕмӕ Цхуырбаты Николайы реабилитацийы бар.
"Мæ мой Дзабиты Иналы сраст кодтой. Ис нын реабилитацийы бар æмæ куыддæр тæрхондоны скъуыддзаг райсон, афтæ ратдзæн æмбæстагон иск", - загьта Дзабиты Иналы бинойнаг Соттиты Оксана.
Уыймæй размæ рабадты прокурор бынтондӕр ссӕрибар кодта Дзабиты Иналы азымӕй, Цхуырбаты Николайы та ма азымджын кæнынц ӕрмӕстдӕр "ӕнӕзаконӕй хӕцӕнгарз дарыны хъуыддаджы" ( статья 222, фыццаг хай). Фæлæ абон Цхуырбаты Николайы дæр æппæт статьятæм гæсгæ дæр сраст кодтой.
РХИ Уæлдæр тæрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.07.2022
Цхинвалы тӕрхондон аргъӕвта Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл рабадт
Ног хабӕртты лентӕ
0