Гаглойты Алан сарæзта кадрон ивындзинæдтæ паддзахадон ДИФ-ты

© Sputnik / Ада БагианГазет "Хурзæрин"
Газет Хурзæрин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бафыста барамындтæ ПТРК "Ир" директор Чилæхсаты Георгий æмæ газет "Хурзæрин"-ы редактор Гæбæраты Юрийы ссæрибар кæнын сæ бынæттæй, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Паддзахадон телерадиокомпани "Ир"-ы директоры хæстæ рæстæгмæ æххæст кæндзæн Бестауты Алан – телерадиокомпанийы директоры хæдивæг.
Абон ма Гаглойты Алан снысан кодта газет "Хурзæрин"-ы ног сæйраг редакторы.
"Снысан кæнын Дамбегты Ирина Алиханы чызджы газет "Хурзæрин"-ы сæйраг редакторæй", - дзырдæуы барамынды тексты.
Барамындтæ бахызтысты сæ тыхы сæ бафысты бонæй.
Гæбæраты Юрий уыд газет "Хурзæрин"-ы сæйраг редактор 2019 азы июлæй фæстæмæ.
Чилæхсаты Георгий лæууыд ПТРК "Ир"-ы сæргъ 2017 азы сентябрæй фæстæмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0