Хуссар Иры фæфылдæр пациентты нымæц джыбыты хæстимæ – сæйраг инфекционист

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæДжыбы
Джыбы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны фарон азмæ абаргæйæ фæфылдæр пациентты нымæц джыбыты хæстимæ, фехъусын кодта Sputnik республикæйы сæйраг инфекционист Джиоты Тамара. Уый банысан кодта, раздæр джыбытæ уыдысты, сæйраджыдæр, æрдзы. Ныр та уыдон арæх фенæн ис паркты, афтæ ма горæты цæрджыты цæхæрадæтты.
"Цæмæй зæхх сдезинфекци кæнæм, уый тыххæй хъæуы бадзурын Югосетпотребнадзормæ – уагдоны специалисттæ æрбацæудзысты æмæ бакусдзысты фадыгыл", - загъта дохтыр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, арæх адæм джыбыйы хæсты фæстæ нæ бадзурынц рынчындонмæ – сæхæдæг æй сисынц.
Фæлæ, инфекционисты хъуыдымæ гæсгæ, джыбыйы хæсты рæстæджы хъæуы цæуын хирургмæ, цæмæй фидæны зындзинæдтæ ма фæзына.
Джиоты Тамара бахахх кодта, джыбыйы хъæуы раттын анализтæм, цæмæй сбæрæг уа, хæссы тæссаг низтæ æви нæ. Фæлæ ахæм лæггæдтæ Хуссар Ирыстоны дæттынц æрмæстдæр хисæрмагонд фидгæ лабораториты. Энцефалиты цаутæ республикæйы нæй, фæлæ арæх сæмбæлы боррелиоз.
"Хæсты фæстæ мах саразæм иммуноферментон анализ, кæцы арæзт цæуы хæстæй 10 боны фæстæ, цæмæй сбæрæг уа боррелиозы уæвынад. Афтæ ма снысан кæнынц хоскæнынад антибиотиктæй – уый цæуы дыууæ къуырийы дæргъы", - радзырдта дохтыр
Ног хабӕртты лентӕ
0