Хуссар Иры хореографион скъола-студи йӕ куыст сног кӕндзӕн ног ахуыры азӕй

© Sputnik / Ада БагианКонцерт
Концерт  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2022
Рафыссын
Фӕсивӕд ӕртӕ къордмӕ ист цӕудзысты конкурсы бындурыл
ЦХИНВАЛ, 19 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрады дӕлбар хореографион скъола-студи августӕй райдайдзӕн исын цӕттӕкӕнынмӕ фӕсивӕд. Цалынмӕ скъола райса йӕхи бӕстыхай, уӕдмӕ уал куыст цӕудзӕн ПККЗ "Чермен"-ы.
Культурӕйы министр Зӕгъойты Рада йӕ фыццаг барамындты нымӕцы сног кодта скъолайы куыст ӕмӕ йын снысан кодта директорӕй Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткӕ Майя Четионы. Уый бацыд скъоламӕ йӕхи специалисты командӕимӕ, сӕ нымӕцы Джиоты Къоста ӕмӕ Бестауты Ирмӕ. Ног къорд йӕхимӕ райста бӕрн национ хореографийы кадртӕ цӕттӕ кӕнын.

"20 августӕй конкурсы бындурыл ист цӕудзысты скъоладзаутӕ ӕртӕ къордмӕ - кӕстӕр, астӕуккаг ӕмӕ хистӕрмӕ. Скъолайы коллективӕй ӕвӕрӕм стыр ныфс",- загъта культурӕйы министр Зӕгъойты Рада.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон хореогрфион скъола-студийӕн бындур ӕвӕрд ӕцыд 1989 азы номдзыд хореограф Саулохты Мэлс ӕмӕ ӕндӕр энтузиастты хъӕппӕрисӕй. Хӕсты фӕстӕ йӕ куыст ныллӕуыд, 2012 азӕй сын нал уыд бӕстыхай дӕр.
"Мах равдыстам хъӕппӕрис, цӕмӕй скъола-студийӕн арӕзт ӕрцӕуа йӕхи бӕстыхай. Архайдзыстӕм, цӕмӕй йӕ арӕзтад хаст ӕрцӕуа Инвестицион нывӕзтмӕ. Бынат равзӕрстам - "Симд"-ы зӕронд бӕстыхай, кӕцы у аварион", - бафтыдта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0